Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Фӕлхатгонд ӕгъдау 2:14 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

14 Ӕстдӕс ӕмӕ ссӕдз азы аивгъуыдта, Кадеш-Барнеайӕ куы рацыдыстӕм ӕмӕ Зереды сӕрты куы ахызтыстӕм, уӕдӕй нырмӕ. Уӕдмӕ, Дунедарӕг цы хӕстхъомтӕм бартхъирӕн кодта, уыдонӕй иу дӕр удӕгас нал уыд.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Фӕлхатгонд ӕгъдау 2:14
24 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Наутӕ-иу арвы хъӕбысмӕ фехстой сӕхи, стӕй та-иу фурды ӕнӕбын арфы фестадысты; наудзогтӕн-иу сӕ уд атади фыр тӕссӕй.


Фӕсиддзӕн Мӕм, ӕмӕ йӕ Ӕз фехъусдзынӕн. Йӕ тыхсты сахат йемӕ дӕн. Ӕххуысмӕ йӕм фӕзындзынӕн ӕмӕ йӕ скадджын кӕндзынӕн.


Уый дӕ фервӕзын кӕндзӕн ахсӕн хызӕй ӕмӕ алы фыдбылызӕй.


Уымӕн ӕмӕ ды загътай: «Мӕ зӕрдӕ Дунедарӕгыл дарын». Дунедарӕгыл бафӕдзӕхстай дӕхи,


Цин кӕнӕд уӕларв иууылдӕр, цинӕй райӕд зӕхх; ныннӕрӕд денджыз ӕмӕ, йӕ мидӕг цыдӕриддӕр ис, уыдон;


Уымӕ гӕсгӕ ӕдзӕрӕг быдыры Мӕ къух уӕлӕмӕ систон ӕмӕ сын расомы кодтон, кӕй сӕ нӕ акӕндзынӕн, цы зӕхх сын равзӕрстон — ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕцӕй хъары, уырдӕм, ӕппӕт зӕххыты диссагдӕрмӕ.


Дунедарӕг загъта Моисейӕн Синайы ӕдзӕрӕг быдыры, Фембӕлды Цатыры, Мысырӕй куы рацыдысты, уымӕн йӕ дыккаг азы дыккӕгӕм мӕйы фыццаг бон:


Дыууиссӕдз боны рацыд, афтӕ ӕрвыст лӕгтӕ, бӕстӕ ӕнӕхъӕнӕй куы басгӕрстой, уӕд фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхтысты.


„Нӕ фендзысты, Мысырӕй чи рацыд, уыцы адӕм, ссӕдз азы ӕмӕ уымӕй уӕлӕмӕ кӕуыл цӕуы, уыдон, Ӕз Авраам, Исаак ӕмӕ Йаковӕн зӕрдӕ цы бӕстӕй бавӕрдтон, уый, уымӕн ӕмӕ Мӕ коммӕ нӕ бакастысты.


Фӕлӕ Хуыцау сӕ фылдӕрӕй райгонд нӕ уыд, ӕмӕ фӕцагъды сты ӕдзӕрӕг быдыры.


Фенкъуыстыстӕм Хоревӕй ӕмӕ ӕдзӕрӕг быдырыл ахызтыстӕм. Уӕхи цӕстытӕй федтат, куыд ӕгӕрон ӕмӕ тӕссаг уыди, уый. Дунедарӕг, нӕ Хуыцау, куыд загъта, афтӕ, аморӕгтӕ кӕм цӕрынц, уыцы хӕхтӕм нӕ ных сарӕзтам ӕмӕ Кадеш-Барнеамӕ бахӕццӕ стӕм.


Хоревӕй Сеиры хӕхтӕм фӕндагыл Кадеш-Барнеайы ’рдӕм иуӕндӕс бонцауы ӕддӕдӕр,


Кадешы дзӕвгар рӕстӕг бафӕстиат стут.


„Ныр бавдӕлут, — загъта Дунедарӕг, — ӕмӕ Зереды сӕрты ахизут“. Ӕмӕ ахызтыстӕм Зереды сӕрты.


Хӕстхъомтӕ цагъды куы фесты ӕмӕ адӕмы астӕу сӕ кой дӕр куынӕуал уыди,


Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, арфӕ ракодта сымахӕн уӕ алы хъуыддаджы дӕр. Уый уын уӕ фӕндаджы хабӕрттӕ хорз зоны ацы ӕгӕрон ӕдзӕрӕг быдыры. Ныр дыууиссӕдз азы дӕргъы Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, уемӕ ис, ӕмӕ сымах хъуаг ницӕмӕй ӕййафут“.


Фӕлӕ Мӕм уӕ фыдӕлтӕ ӕххуысмӕ куы скуывтой, уӕд Ӕз сымахӕй мысырӕгты ’хсӕн дуне ныттар кодтон, мысырӕгтӕм денджызы уылӕнтӕ сарӕзтон, ӕмӕ сӕ быны фесты. Уӕхи цӕстӕй федтат, Ӕз мысырӕгтӕн цы бакодтон, уыдӕттӕ. Уый фӕстӕ сымах дзӕвгар рӕстӕг фӕцардыстут ӕдзӕрӕг быдыры.


Сунӕт та сын Йешуа уымӕн скодта, ӕмӕ Мысырӕй сыстӕг нӕлгоймӕгтӕ, хӕстхъом лӕгтӕ, иууылдӕр амардысты Мысырӕй рацӕуыны фӕстӕ ӕдзӕрӕг быдыры, хӕтӕнхуаг царды заман.


Израилӕгтӕ ӕдзӕрӕг быдыры хӕтӕнхуаджы цардӕй фӕцардысты дыууиссӕдз азы бӕрц, цалынмӕ Мысырӕй рацӕуӕг хӕстхъом адӕм иууылдӕр амардысты, уӕдмӕ. Уыдон Дунедарӕджы коммӕ нӕ кастысты, ӕмӕ Дунедарӕг расомы кодта, ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕцӕй хъары ӕмӕ йӕ раттынӕй сӕ фыдӕлтӕн ард кӕй тыххӕй бахордта, уыцы зӕхх кӕй нӕ фендзысты.


Кӕд сымахӕн зындгонд у, уӕддӕр мӕ фӕнды уӕ зӕрдыл уын ӕй ӕрлӕууын кӕнын: Дунедарӕг Йӕ адӕмы Мысыры зӕххӕй куы раирвӕзын кодта, уӕд уый фӕстӕ фесӕфта, чи Йыл нӕ баууӕндыд, уыдоны.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ