13 „Ныр бавдӕлут, — загъта Дунедарӕг, — ӕмӕ Зереды сӕрты ахизут“. Ӕмӕ ахызтыстӕм Зереды сӕрты.
Негевыл ахызтысты ӕмӕ Хевронмӕ, Анакы байзӕддӕгтӕ Ахиман, Шешай ӕмӕ Талмай кӕм цардысты, уырдӕм бахӕццӕ сты. (Хеврон та Мысыры сахар Цоанӕй авд азы раздӕр сырӕзт.)
Уырдыгӕй рараст сты ӕмӕ Зереды дӕлвӕзы ӕрӕнцадысты.
Рараст сты уырдыгӕй ӕмӕ, ӕдзӕрӕг быдыры чи ис, аморӕгты арӕны ӕдде, Арноны уыцы хайыл ӕрӕнцадысты. Уымӕн ӕмӕ Арнон у Моавы арӕн, Моав ӕмӕ аморӕгты ӕхсӕн ис.
Сеиры раздӕр цардысты хорӕгтӕ, фӕлӕ сӕ Исавы байзӕддӕгтӕ уырдыгӕй фӕсырдтой, ныццагътой сӕ ӕмӕ сӕ бынаты ӕрцардысты: израилӕгтӕ, Дунедарӕгӕй сын цы зӕхх лӕвӕрд уыди, уым куыд бакодтой, раст афтӕ.
Ӕстдӕс ӕмӕ ссӕдз азы аивгъуыдта, Кадеш-Барнеайӕ куы рацыдыстӕм ӕмӕ Зереды сӕрты куы ахызтыстӕм, уӕдӕй нырмӕ. Уӕдмӕ, Дунедарӕг цы хӕстхъомтӕм бартхъирӕн кодта, уыдонӕй иу дӕр удӕгас нал уыд.