Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Фӕлхатгонд ӕгъдау 2:11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

11 Уыдон дӕр Анакы байзӕддӕгтау рефаимтыл нымад сты, моавӕгтӕ та сӕ емимӕгтӕ хонынц.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Фӕлхатгонд ӕгъдау 2:11
10 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Цыппӕрдӕсӕм аз Кедорлаомер йе ’мцӕдисон паддзӕхтимӕ ӕрцыд, ӕмӕ рефаимты ныддӕрӕн кодтой Аштерот-Карнаимы, зузӕгты — Хамы, емимӕгты — Шаве-Кириатаимы,


Уыцы заман ӕмӕ уый фӕстӕ дӕр зӕххыл цардысты уӕйыгӕнгӕс адӕм, Хуыцауы фырттӕн-иу зӕххон чызджытӕй чи райгуырди, уыдон. Незаманты цы хъуыддӕгтӕй фесгуыхтысты, уыдонӕй хъуыстгонд сты ныр дӕр ма.


ӕмӕ йӕ Рафайы байзӕддӕгтӕй иу, Ишби, зӕгъгӕ, йӕ арцы ӕрхуы бырынчъы уӕз — ӕртӕсӕдӕ шекелы, йӕ астӕуыл — ног цирхъ, ныццӕвынмӕ хъавыд — хъуамӕ йӕ амардтаид.


Ӕрвыст лӕгтӕ ссыдысты ӕмӕ ӕркастысты бӕстӕм — Цины ӕдзӕрӕг быдырӕй Лево-Хаматмӕ хӕстӕг Реховы онг.


Рахабар кодтой: «Уыдыстӕм, цы бӕстӕм нӕ арвыстай, уым. Ӕцӕг хъары йӕ зӕххӕй ӕхсыр ӕмӕ мыд. Мӕнӕ йӕ дыргътӕ.


Ӕмӕ тауыстӕ кодтой израилӕгты ’хсӕн, уынӕг цы бӕсты уыдысты, уый тыххӕй: «Цы бӕстӕм фӕцыдыстӕм, уый, чи дзы ӕрцӕра, уыдоны бахӕрдзӕн. Кӕйдӕриддӕр дзы федтам — иууылдӕр ӕнахуыр бӕрзонд адӕм сты.


Кӕдӕм цӕуӕм мах? Не ’фсымӕрты ныхӕстӕй ныл тас бафтыди: уыцы адӕм махӕй бӕрзонддӕр ӕмӕ бӕзӕрхыгдӕр сты, сӕ сахартӕ та — арвмӕ чи фӕцыд, ахӕм фидӕрттӕ; уӕдӕ дзы Анакы байзӕддӕгты дӕр федтой“.


Уыцы зӕхх дӕр рефаимты зӕххыл нымад у — раздӕр дзы рефаимтӕ цардысты, аммонӕгтӕ сӕ замзумӕгтӕ хонынц.


Рефаимтӕй ма фӕстагмӕ ӕрмӕстдӕр Ог, Башаны паддзах, баззади. Йӕ хуыссӕнуат уыдис ӕфсӕйнагӕй конд, йӕ дӕргъ — фараст ӕлмӕрины, йӕ уӕрх — цыппар ӕлмӕрины. Уый ныр дӕр ис аммонӕгты зӕххыл, Раввайы.


нымӕцӕй дӕр ӕмӕ асӕй дӕр кӕй не ’ййафут, уыцы адӕмы, Анакы байзӕддӕгты, зӕхх, уыдоны ныхмӕ чи фӕлӕудзӕн, зӕгъгӕ, кӕй тыххӕй дзырдӕуы.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ