10 Раздӕр уым емимӕгтӕ цардысты — Анакы фӕдонтау ӕнӕнымӕц ӕмӕ асӕй бӕрзонд адӕм.
Цыппӕрдӕсӕм аз Кедорлаомер йе ’мцӕдисон паддзӕхтимӕ ӕрцыд, ӕмӕ рефаимты ныддӕрӕн кодтой Аштерот-Карнаимы, зузӕгты — Хамы, емимӕгты — Шаве-Кириатаимы,
ӕмӕ йӕ Рафайы байзӕддӕгтӕй иу, Ишби, зӕгъгӕ, йӕ арцы ӕрхуы бырынчъы уӕз — ӕртӕсӕдӕ шекелы, йӕ астӕуыл — ног цирхъ, ныццӕвынмӕ хъавыд — хъуамӕ йӕ амардтаид.
Ӕрвыст лӕгтӕ ссыдысты ӕмӕ ӕркастысты бӕстӕм — Цины ӕдзӕрӕг быдырӕй Лево-Хаматмӕ хӕстӕг Реховы онг.
Кӕдӕм цӕуӕм мах? Не ’фсымӕрты ныхӕстӕй ныл тас бафтыди: уыцы адӕм махӕй бӕрзонддӕр ӕмӕ бӕзӕрхыгдӕр сты, сӕ сахартӕ та — арвмӕ чи фӕцыд, ахӕм фидӕрттӕ; уӕдӕ дзы Анакы байзӕддӕгты дӕр федтой“.
Уыдон дӕр Анакы байзӕддӕгтау рефаимтыл нымад сты, моавӕгтӕ та сӕ емимӕгтӕ хонынц.