Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Фӕлхатгонд ӕгъдау 19:6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

6 цӕмӕй тугисӕг йӕ тӕвдӕй туджджыны фӕсте ма асура, фӕндаг дард кӕй у, уый аххосӕй йӕ ма баййафа ӕмӕ йӕ ма амара: маринаг нӕу — ӕнӕбары амардта, знаг ын чи нӕ уыди, уыцы адӕймаджы.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Фӕлхатгонд ӕгъдау 19:6
7 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Ныр мӕ хионтӕ дӕр мӕ ныхмӕ рацыдысты ӕмӕ мын зӕгъынц: „Йе ’фсымӕры чи амардта, уый нын нӕ къухмӕ ратт, ӕмӕ дзы, кӕй бабын кодта, уый туг райсӕм; кӕд бындар у, уӕддӕр ӕй амарӕм“. Мӕ къонайы ма цы зынг баззади, уый бынтондӕр ахуыссын кӕндзысты, мӕ мойӕн йӕ ном куыд фесӕфа ӕмӕ йын зӕххы цъарыл куыд ничиуал баззайа, афтӕ».


Ӕмӕ уын уыдзысты уыцы сахартӕ, йӕ туг чи агуры, уымӕй хи ӕмбӕхсынӕн, цӕмӕй туджджын ма фӕмард уа дзыллӕйы тӕрхоны размӕ.


Зӕгъӕм, адӕймаг ӕмбалимӕ хъӕдмӕ ацыди сугтӕм ӕмӕ, бӕласы зӕнг ӕрцӕвон, зӕгъгӕ, фӕрӕт хӕрдмӕ фӕхаста, афтӕмӕй фӕрӕт йӕ хъӕдӕй фӕхаудис, ӕмбалыл сӕмбӕлд, ӕмӕ уый фӕмард ис. Ахӕм адӕймагӕн бар ис уыцы ӕртӕ сахарӕй искӕцымӕ алидзын ӕмӕ уым йӕ сӕр бафснайын,


Уымӕн уын зӕгъын: ӕртӕ сахары рахицӕн кӕнут.


Искӕмӕн йӕ фыдракӕнды тыххӕй марыны тӕрхон куы ӕмбӕла ӕмӕ йӕ куы ’рцауындзат,


Тугисӕг йӕ фӕдыл фӕдисы куы ’рбацӕуа, уӕд ын ӕй йӕ къухмӕ ма раттӕнт, уымӕн ӕмӕ амардта ӕнӕбары, йӕ амӕттаг ын уӕд дӕр ӕмӕ уымӕй размӕ дӕр ӕнӕуынон нӕ уыди.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ