4 Туджджынӕн уыцы сахартӕй искӕцымӕ алидзӕн ӕмӕ уым йӕ сӕр бафснайӕн ис, знаг ын нӕ уыди, афтӕмӕй искӕй ӕнӕбары куы амара, уӕд.
Ӕмӕ Йаков Лаваны куы федта, уӕд бафиппайдта, раздӕры цӕстӕй йӕм кӕй нал кӕсы, уый.
Сылгоймаг загъта: «Паддзах ард бахӕрӕд Дунедарӕджы, йӕ Хуыцауы раз, тугисджытӕ ноджы стырдӕр бӕллӕх кӕй нӕ сараздзысты, мӕ фырты мын кӕй нӕ амардзысты, уый тыххӕй». Паддзах ын дзуапп радта: «Дунедарӕгӕй дын ард хӕрын, дӕ фырты сӕрӕй иу ӕрду дӕр не ’рхаудзӕн».
Амӕй размӕ дӕр, Саул паддзахиуӕг куы кодта, уӕд ды лӕууыдтӕ Израилы ӕфсады сӕргъы. Ӕмӕ дын Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, загъта: „Ды хъахъхъӕндзынӕ Мӕ адӕмы, Израилы, ды уыдзынӕ сӕ фӕтӕг“».
Рагӕй цӕттӕ у, паддзах кӕм басудздзӕн, уыцы бынат; арф ӕмӕ уӕрӕх у уый, бирӕ цӕхӕр, бирӕ суг ис йӕ мидӕг. Дунедарӕджы раулӕфтӕй ныггуыпп кӕндзӕни, цыма йыл сондон ӕркалдӕуыд, уыйау.
Ӕмӕ уын уыдзысты уыцы сахартӕ, йӕ туг чи агуры, уымӕй хи ӕмбӕхсынӕн, цӕмӕй туджджын ма фӕмард уа дзыллӕйы тӕрхоны размӕ.
Ӕмӕ Дунедарӕг загъта Моисейӕн:
Сбарут фӕзуат ӕмӕ, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн кӕй дӕтты, уыцы зӕхх ӕртӕ дихы акӕнут, цӕмӕй-иу туджджын уыцы сахартӕй искӕцымӕ алидза.
Зӕгъӕм, адӕймаг ӕмбалимӕ хъӕдмӕ ацыди сугтӕм ӕмӕ, бӕласы зӕнг ӕрцӕвон, зӕгъгӕ, фӕрӕт хӕрдмӕ фӕхаста, афтӕмӕй фӕрӕт йӕ хъӕдӕй фӕхаудис, ӕмбалыл сӕмбӕлд, ӕмӕ уый фӕмард ис. Ахӕм адӕймагӕн бар ис уыцы ӕртӕ сахарӕй искӕцымӕ алидзын ӕмӕ уым йӕ сӕр бафснайын,
цӕмӕй тугисӕг йӕ тӕвдӕй туджджыны фӕсте ма асура, фӕндаг дард кӕй у, уый аххосӕй йӕ ма баййафа ӕмӕ йӕ ма амара: маринаг нӕу — ӕнӕбары амардта, знаг ын чи нӕ уыди, уыцы адӕймаджы.
цӕмӕй-иу, йе знаг нӕ уыди, афтӕмӕй ӕнӕбары искӕй чи амара, уый уыцы сахартӕй иумӕ алидза ӕмӕ афтӕмӕй фервӕза.
Афтӕмӕй, кӕуылты уын цӕугӕ у, уый базондзыстут, уымӕн ӕмӕ ныронг ацы фӕндагыл никуыма цыдыстут. Уӕвгӕ, сымах Чырынӕй хъуамӕ уат дыууӕ мин ӕлмӕрины дарддӕр — ӕгӕр ӕм ма баввахс ут».