Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Фӕлхатгонд ӕгъдау 19:17 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

17 уӕд быцӕугӕнджытӕ дыууӕйӕ дӕр хъуамӕ ӕрлӕууой Дунедарӕджы раз: уыцы рӕстӕджы сауджынтӕ ӕмӕ тӕрхонгӕнджытӕ чи уа, уыдоны раз.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Фӕлхатгонд ӕгъдау 19:17
9 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

уӕд ӕй йӕ хицау бакӕнӕд Хуыцауы размӕ — бакӕнӕд ӕй дуармӕ кӕнӕ дуарӕн йӕ тарвазмӕ — ӕмӕ йын уым туасӕй фӕхуынкъ кӕнӕд йӕ хъус, ӕмӕ йӕ хицауӕн цагъарӕй баззайӕд мыггагмӕ.


Давӕджы не ссардтой, зӕгъгӕ, уӕд та хӕдзары хицау Хуыцауы раз ӕрлӕууӕд, кӕйдӕр исбонмӕ кӕй нӕ фӕныхылдта, уый сбӕлвырд кӕныны тыххӕй.


Быцӕйуаг хъуыддӕгты тыххӕй-иу ӕрлӕууӕнт тӕрхоны раз ӕмӕ-иу алы хъуыддаг дӕр райхалӕнт Мӕ амындтытӕм гӕсгӕ. Ӕххӕст Мын кӕнӕнт Ме ’гъдӕуттӕ ӕмӕ Мӕ уагӕвӕрдтӕ, стӕй Мӕ сабаты ӕгъдӕуттӕ.


Сауджыны дзыхӕй хъуамӕ, Хуыцауы базонынӕн пайда цы у, уыдӕттӕ хъуысой, йӕ ныхӕсты йын Хуыцауы Ӕгъдау агурынц, уымӕн ӕмӕ уый Уӕларвӕфсады Бардарӕджы минӕвар у.


Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, дын кӕй дӕтты, ӕппӕт уыцы сахарты дӕ мыггӕгтӕн тӕрхонгӕнджытӕ ӕмӕ уагдартӕ сӕвӕр, адӕмӕн раст тӕрхон куыд кӕной, афтӕ.


Бафӕрс сауджынты, левитты ӕмӕ, уыцы рӕстӕг тӕрхоны лӕг чи уа, уый, ӕмӕ дын уыдон зӕгъдзысты сӕ уынаффӕ.


Стӕй ӕрбацӕуӕнт сауджынтӕ, Левийы байзӕддӕгтӕ: уыдоны равзӕрста Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, цӕмӕй Йын лӕггадгӕнӕг уой ӕмӕ Дунедарӕджы номӕй арфӕ кӕной, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ цыфӕнды быцӕу дӕр ӕмӕ уӕнгсаст фӕкӕныны фӕдыл цыфӕнды хъуыддаг равзарын дӕр уыдонмӕ хауы.


Исчи искӕимӕ фӕбыцӕу ис, зӕгъгӕ, уӕд сӕ тӕрхоны раз ӕрлӕууын хъӕуы: уадз ӕмӕ хъуыддаг ӕвзӕрст ӕрцӕуа ӕмӕ рабӕрӕг уа, раст чи у ӕмӕ зылын чи у, уый.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ