Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Фӕлхатгонд ӕгъдау 19:15 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

15 Исты фыдракӕнд, галиу ми кӕнӕ тӕригъӕды базылын кӕнынӕн иу ӕвдисӕн фаг нӕу: алы хъуыддаг дӕр хъуамӕ дыууӕ кӕнӕ ӕртӕ ӕвдисӕны раз ӕвзӕрст цӕуа.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Фӕлхатгонд ӕгъдау 19:15
12 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Йӕ бакомкоммӕ йын ӕрбадын кӕнут дыууӕ цъаммар лӕджы ӕмӕ йӕ ныхмӕ ӕвдисӕн кӕнӕнт, ды Хуыцауы ӕмӕ паддзахы ӕлгъыстай, зӕгъгӕ. Уый фӕстӕ-иу ӕй фӕссахармӕ ракӕнут ӕмӕ йӕ уым дурты бын фӕкӕнут».


Ӕрбацыдысты дыууӕ цъаммар лӕджы, Навотӕн йӕ бакомкоммӕ ӕрбадтысты ӕмӕ йӕ ныхмӕ мӕнгӕвдисӕн ныллӕууыдысты, Хуыцау ӕмӕ паддзахы ӕлгъыста, зӕгъгӕ. Стӕй йӕ фӕссахармӕ ракодтой ӕмӕ йӕ уым дурты бын фӕкодтой.


Лӕг чидӕриддӕр амара — ӕвдисӕнты ныхасмӕ гӕсгӕ маргӕ у ахӕм марӕг, фӕлӕ иунӕг ӕвдисӕны ныхасӕй адӕймагӕн мӕлӕты тӕрхон рахӕссӕн нӕй.


Куынӕ дӕм байхъуса, уӕд демӕ акӕн иу кӕнӕ дыууӕ адӕймаджы, уымӕн ӕмӕ „алы хъуыддаг дӕр хъуамӕ дыууӕ кӕнӕ ӕртӕ ӕвдисӕны раз ӕвзӕрст цӕуа“.


«Не ’Гъдау, адӕймагӕн йӕхимӕ ма байхъус ӕмӕ, цы гӕнӕг у, уый ма базон, афтӕмӕй йын тӕрхон кӕнын амоны, ӕви?»


Уе ’Гъдауы дӕр афтӕ фыст ис, дыууӕ адӕймаджы ӕвдисӕнад раст у, зӕгъгӕ.


Ныр уӕм ӕртыккаг хатт цӕуын. «Алы хъуыддаг дӕр хъуамӕ дыууӕ кӕнӕ ӕртӕ ӕвдисӕны раз ӕвзӕрст цӕуа».


Марыны тӕрхон рахӕссӕн ис дыууӕ кӕнӕ ӕртӕ ӕвдисӕны ныхасмӕ гӕсгӕ. Иу ӕвдисӕны ныхасмӕ гӕсгӕ марыны тӕрхон рахӕссӕн нӕй.


Аргъуаны хистӕрыл цы хъаст ӕрбацӕуа, уымӕ ма байхъус, дыууӕ кӕнӕ ӕртӕ ӕвдисӕны куынӕ уа, уӕд.


Моисейы Ӕгъдау чи не ’ххӕст кодта, ахӕм адӕймаг дыууӕ кӕнӕ ӕртӕ ӕвдисӕны ныхасӕй кӕд ӕгъатырӕй мӕлӕтмӕ лӕвӕрд цыди,


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ