Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Фӕлхатгонд ӕгъдау 19:14 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

14 Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн исбонӕн цы зӕхх дӕтты, уым, дӕ сыхагӕй де ’хсӕн фыдӕлтӕй цы арӕн баззад, ууыл ма бахӕц фалдӕр.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Фӕлхатгонд ӕгъдау 19:14
9 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Ауӕдзы дуртыл ӕддӕдӕр ахӕцынц адӕм, давд фосӕй сфосджын вӕййынц.


Ӕцӕг ын кӕд ӕнӕбары рауад ацы фыдми — Хуыцауы фӕндонӕй йын афтӕ рауад, — уӕд ын бацамондзынӕн, йӕ сӕр бафснайынмӕ кӕдӕм алидза, ахӕм бынат.


Дунедарӕг сӕрыстырты хӕдзӕрттӕ фехалы, фӕлӕ идӕдзы арӕнтӕ хъахъхъӕны.


Дӕ фыдӕлтӕ арӕнӕн цы дур сӕвӕрдтой, уый йӕ бынатӕй ма фезмӕлын кӕн.


Рагон арӕны дур ма фезмӕлын кӕн, сидзӕрты хуыммӕ ма бахъав,


Иудӕйы фӕтӕгтӕ искӕй ауӕдзыл фалдӕр кӕй ахӕцынц, уый тыххӕй сыл Ӕз Мӕ маст ныккалдзынӕн донау!


„Ӕлгъыст фӕуӕд, йӕ сыхаджы арӕныл фалдӕр чи ахӕца!“ Адӕм та иууылдӕр иумӕ зӕгъӕнт: „Аммен!“


Загътон уын ӕз уӕд: „Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, радта сымахӕн ацы зӕхх, цӕмӕй йӕ уӕхи бакӕнат. Уӕдӕ, хӕстхъомтӕ, араст ут уе ’фсымӕрты, израилӕгты, разӕй, гӕрзифтонгӕй.


Уыцы рӕстӕджы Моисей рахицӕн кодта ӕртӕ сахары Иорданӕй хурыскӕсӕнӕрдӕм,


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ