Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Фӕлхатгонд ӕгъдау 19:13 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

13 Ма йын батӕригъӕд кӕнут! Ӕнаххос туг ныккалыны азарӕй бахизут Израилы, ӕмӕ ӕнӕмаст уыдзыстут.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Фӕлхатгонд ӕгъдау 19:13
17 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Адӕймаджы туг чи ныккала, уый туг ныккӕлдзӕн адӕймаджы къухӕй, уымӕн ӕмӕ йӕ Хуыцау Йӕхи ӕнгӕс сфӕлдыста.


Ныр мӕ хионтӕ дӕр мӕ ныхмӕ рацыдысты ӕмӕ мын зӕгъынц: „Йе ’фсымӕры чи амардта, уый нын нӕ къухмӕ ратт, ӕмӕ дзы, кӕй бабын кодта, уый туг райсӕм; кӕд бындар у, уӕддӕр ӕй амарӕм“. Мӕ къонайы ма цы зынг баззади, уый бынтондӕр ахуыссын кӕндзысты, мӕ мойӕн йӕ ном куыд фесӕфа ӕмӕ йын зӕххы цъарыл куыд ничиуал баззайа, афтӕ».


Давиды заман фӕд-фӕдыл ӕртӕ стонг азы скодта, ӕмӕ паддзах Дунедарӕджы бафарста. Дунедарӕг загъта: «Аххос Саул ӕмӕ йӕ байзӕддагыл ис, уымӕн ӕмӕ Саул ӕназым гивонӕгты туг ныккалдта».


ӕмӕ сӕ Саул ӕмӕ йӕ фырт Ионатаны стджытимӕ иумӕ Целайы, Бениамины зӕххыл, Саулы фыд Кишы зӕппадзы бавӕрдтой. Бакодтой, паддзах куыддӕриддӕр бафӕдзӕхста, афтӕ, ӕмӕ уый фӕстӕ Хуыцау айста адӕмы куывд ӕмӕ батӕригъӕд кодта бӕстӕйӕн.


Паддзах ын загъта: «Гъемӕ йӕхи дзыхӕй цы куры, уый йын бакӕн. Амар ӕй ӕмӕ йӕ баныгӕн. Ӕмӕ дзы афтӕмӕй райс, Йоав кӕй ныккалдта, уыцы ӕнаххос туг, цӕмӕй уыцы туджы азар мӕныл ӕмӕ мӕ фыды хӕдзарыл ӕфтыд ма фӕуа.


Ничи дын фӕтӕригъӕд кодта, цӕмӕй дын адӕттӕй исты сараза. Аппӕрстой дӕ тыгъд быдыры дӕ райгуырды бон, уымӕн ӕмӕ дыл ӕлгъ кодтой.


Адӕймаджы чи амара, уый мард ӕрцӕуӕд.


Фос чи амара, уый йӕ бафидӕд, адӕймаджы чи амара, уый та мард ӕрцӕуӕд.


Марӕджы балхӕныны ныхмӕ ахӕстаргъ ма исут. Уый ӕнӕмӕнг амарын хъӕуы.


ма сразы у йемӕ, ма йӕм хъус, ма йын тӕригъӕд кӕн, ма йыл ауӕрд ӕмӕ йӕ ма раст кӕн.


уӕд ӕй, цы сахайраг у, уыцы сахары хистӕртӕ фӕстӕмӕ ӕрбакӕнын кӕнӕнт, кӕдӕм алыгъди, уыцы сахарӕй ӕмӕ йӕ, туг кӕмӕй дары, уыдоны къухтӕм раттӕнт, цӕмӕй мард ӕрцӕуа.


Ма батӕригъӕд кӕн: уды ныхмӕ — уд, цӕстӕн — цӕст, къухӕн — къух, къахы ныхмӕ — къах!


Афтӕмӕй уӕхи ӕнаххосы тугныккалды азымӕй бахиздзыстут, Дунедарӕгӕн фӕндон цы у, уый куы кӕнат, уӕд.


уӕд, дӕ цӕст дӕр ма фӕныкъул, афтӕмӕй йын йӕ къух атӕхын кӕн.


Ӕмӕ ныццӕгъддзыстут, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, уӕ къухмӕ кӕй дӕтты, ӕппӕт уыцы адӕмты. Ма сын фӕтӕригъӕд кӕнут ӕмӕ сын сӕ хуыцӕуттӕн ма лӕггад кӕнут — цъысымы бахаудзыстут.


Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, уыдоны уӕ къухтӕм куы ратта ӕмӕ сӕ куы ныддӕрӕн кӕнат, уӕд-иу сӕ ӕлгъыстаг фӕкӕнут, семӕ-иу фидыд ма саразут, удӕгасӕй дзы макӕй ныууадзут.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ