10 Ӕмӕ никуы ныккӕлдзӕн ӕнаххосы туг, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн исбонӕн цы зӕхх дӕтты, уым, ӕмӕ тугныккалды азымджын нӕ фӕуыдзыстут.
Паддзах ын загъта: «Гъемӕ йӕхи дзыхӕй цы куры, уый йын бакӕн. Амар ӕй ӕмӕ йӕ баныгӕн. Ӕмӕ дзы афтӕмӕй райс, Йоав кӕй ныккалдта, уыцы ӕнаххос туг, цӕмӕй уыцы туджы азар мӕныл ӕмӕ мӕ фыды хӕдзарыл ӕфтыд ма фӕуа.
Менассиа, иуӕй, иудейӕгты баппӕрста тӕригъӕдты азымы, цӕмӕй кӕной, Дунедарӕджы зӕрдӕмӕ цы нӕ цӕуы, уыдӕттӕ, иннӕмӕй та ныккалдта бирӕ ӕназым туг ӕмӕ туджы бын фӕкодта ӕгас Йерусалимы сахар дӕр.
уыимӕ Йерусалимы сахары ӕназымты туг кӕй ныккалдта, уый тыххӕй. Дунедарӕджы нал бафӕндыд ныххатыр кӕнын.
хирвӕссон цӕстӕнгас, мӕнг ӕвзаг, ӕнаххосты марӕг къухтӕ,
Дугъы фӕцӕйуайынц фыдбылыз аразынмӕ, ӕназым туг ныккалынмӕ. Сӕ сагъӕстӕ, сӕ фӕндтӕ сты ӕнаккаг — бастигъын, ныппырх кӕнын.
Мысыры зӕхх ӕмӕ Едом ӕдзӕрӕг быдыртӕ фестдзысты, уымӕн ӕмӕ уыдон Иудӕйы цӕрджыты хъизӕмарӕй мардтой, сӕ зӕххыл сын ӕнаххос адӕмы туг фӕкалдтой.
Уӕд Дунедарӕгмӕ сдзынӕзтой: «Лӕгъстӕ Дын кӕнӕм, Дунедарӕг, ацы адӕймаджы уды тыххӕй нӕ ма фесаф, ӕнаххос адӕймаджы тугныккалды нӕ азымджын ма фӕкӕн! Ды — Дунедарӕг: Дӕ фӕндон ахӕм уыди».
Цы зӕххыл ӕрбынат кодтат, уый ма фӕчъизи кӕнут, уымӕн ӕмӕ зӕхх тугӕй фӕчъизи вӕййы, ӕмӕ йын, искӕй туг чи ныккалдта, ӕрмӕстдӕр уымӕн йӕхи тугӕй ис ссыгъдӕг кӕнӕн.
Ма йын батӕригъӕд кӕнут! Ӕнаххос туг ныккалыны азарӕй бахизут Израилы, ӕмӕ ӕнӕмаст уыдзыстут.
Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн исбонӕн кӕй дӕтты, уыцы зӕхмӕ куы бацӕуат, уӕхи йӕ куы бакӕнат ӕмӕ дзы куы ’рбынӕттон уат,
Мӕнмӕ сымах тыххӕй смӕсты ис Дунедарӕг ӕмӕ басомы кодта, ӕз Иорданы фаллаг фарсмӕ кӕй нӕ бахиздзынӕн ӕмӕ Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн кӕй хай кӕны, уыцы диссаджы бӕстӕм кӕй нӕ бацӕудзынӕн.
Йӕ цард дӕр ӕвгъау нӕ кодта, афтӕмӕй амардта филистимаг богалы, ӕмӕ Дунедарӕг Израилӕн радта стыр уӕлахиз. Ды уыдӕттӕ куы федтай ӕмӕ куы бацин кодтай, уӕд дӕ цӕмӕн фӕнды ӕназым туг ныккалын, Давиды ӕнаххосӕй амарын?»