Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Фӕлхатгонд ӕгъдау 19:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн кӕй зӕхх дӕтты, уыцы адӕмты куы ныццӕгъда ӕмӕ йӕ сымах уӕхи куы бакӕнат, сӕ сахартӕ ӕмӕ сын сӕ хӕдзӕртты куы ӕрбынӕттон уат,

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Фӕлхатгонд ӕгъдау 19:1
11 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Ӕцӕг ын кӕд ӕнӕбары рауад ацы фыдми — Хуыцауы фӕндонӕй йын афтӕ рауад, — уӕд ын бацамондзынӕн, йӕ сӕр бафснайынмӕ кӕдӕм алидза, ахӕм бынат.


уӕд уӕхицӕн ӕмбӕхсӕн сахартӕ снысан кӕнут, ӕмӕ-иу ӕнӕбары чи фӕтуджджын ис, уый йӕ сӕр уым бафснайдзӕн.


Ӕмӕ Дунедарӕг загъта Моисейӕн:


Мӕнӕ сты, Дунедарӕг, уӕ фыдӕлты Хуыцау, сымахӕн цы бӕстӕ дӕтты, уым цӕргӕбонты бӕстон кӕй хъуамӕ ’ххӕст кӕнат, уыцы фӕтк ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ.


Ды басӕттынмӕ кӕмӕ цӕуыс, уыцы адӕмты Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, куы ныццӕгъда, куы сӕ басӕттай ӕмӕ сын сӕ зӕххыл куы ӕрбынӕттон уай,


Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн цы бӕстӕ дӕтты, уырдӕм куы бацӕуат, уӕхи йӕ куы бакӕнат, куы дзы ӕрбынӕттон уат ӕмӕ куы зӕгъат, нӕ алыварс адӕмтау махӕн дӕр паддзах куы уаид, зӕгъгӕ,


Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымах бакӕндзӕн, уӕ фыдӕлтӕ Авраам, Исаак ӕмӕ Йаковӕн зӕрдӕ цы зӕххӕй бавӕрдта, уырдӕм. Уым — стыр ӕмӕ дидинӕфтыд сахартӕ, сымах кӕй нӕ сарӕзтат;


алы мулкӕй йемыдзаг хӕдзӕрттӕ, сымах кӕй нӕ байдзаг кодтат; цъайтӕ, сымах кӕй не скъахтат; сӕндӕттӕ ӕмӕ оливӕ бӕласы къохтӕ, сымах кӕй нӕ ныссагътат. Уым хӕрдзыстут ӕмӕ бафсаддзыстут уӕхи.


Ӕз уын радтон, кӕуыл нӕ бафыдӕбон кодтат, уыцы зӕхх, кӕй нӕ сарӕзтат, уыцы сахартӕ, ӕмӕ дзы ныр сымах цӕрут. Цы сӕндӕттӕ ӕмӕ оливӕ бӕлӕстӕ нӕ ныссагътат, уыдоны дыргътӕ хӕрут“».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ