Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Фӕлхатгонд ӕгъдау 18:9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

9 Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн цы бӕстӕ дӕтты, уырдӕм куы бацӕуат, уӕд уымы адӕмты ӕлгъаг митӕ ма бафӕзмут.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Фӕлхатгонд ӕгъдау 18:9
11 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Буд сыгътой ӕппӕт кувӕн къуыбыртыл, Дунедарӕг сын сӕ цурӕй кӕй фӕсырдта, уыцы адӕмты фӕзмгӕйӕ. Дунедарӕгӕн масты хос чи уыд, ахӕм ӕнаккаг митӕ кодтой.


Хинномы фырты дӕлвӕзы хаста нывӕндтӕ ӕмӕ йӕхи фыртты арты басыгъта, Дунедарӕг израилӕгты разӕй кӕй фӕсырдта, уыцы адӕмты ӕлгъаг митӕ фӕзмгӕйӕ.


Хистӕр сауджынтӕ ӕмӕ адӕмы хистӕрты тӕригъӕдтӕн дӕр кӕрон нал уыди. Муртаттӕгты ӕлгъаг митӕ фӕзмыдтой ӕмӕ фӕчъизи кодтой Дунедарӕджы Кувӕндон, Дунедарӕг Йерусалимы кӕй срухс скодта, уый.


Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: «Ӕндӕр адӕмты фӕндӕгтыл уӕхи ма ахуыр кӕнут ӕмӕ, иннӕ адӕмтӕ цы ӕрвон ӕвдисӕйнӕгтӕй тӕрсынц, уыдонӕй ма тӕрсут.


Мӕ фӕдзӕхстытӕ Мын ӕххӕст кӕнут — ма бафӕзмут, уӕ размӕ ам цы ӕлгъаг ӕгъдӕуттыл хӕст уыдысты, уыдон, науӕд фӕчъизи уыдзыстут. Ӕз Дунедарӕг дӕн, уӕ Хуыцау».


Цӕмӕй, сӕ хуыцӕутты номыл цы ӕлгъаг митӕ кӕнынц, уыдоныл сымах дӕр ма сахуыр кӕной ӕмӕ Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы раз, тӕригъӕды ма бацӕуат.


Фӕлӕ сӕ Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, уӕ разӕй куы фӕсура, уӕд уӕм уӕ зӕрдӕ афтӕ ма сдзурӕд: „Рӕстгӕнджытӕ кӕй стӕм, уый тыххӕй нӕ ӕрбакодта Дунедарӕг ардӕм, цӕмӕй ацы бӕстӕ бацахсӕм“. Уымӕн ӕмӕ сӕ фыдракӕндты тыххӕй суры Дунедарӕг уыцы адӕмты уӕ цурӕй.


Раст ӕмӕ сыгъдӕгзӕрдӕ кӕй стут, уый тыххӕй сын нӕ бацахсдзыстут сӕ бӕстӕ. Фыдгӕнджытӕ кӕй сты, уый тыххӕй сӕ суры Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, уӕ цурӕй, цӕмӕй сӕххӕст кӕна, уӕ фыдӕлтӕ Авраам, Исаак ӕмӕ Йаковӕн цы сомы ракодта, уый.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ