4 Хор, сӕн, сой ӕмӕ къуымбилы сӕртӕ дӕр уыдонӕн дӕтгӕ сты.
цӕмӕй сӕхи цӕстӕй феной се сӕфт, Ӕппӕтхъомысы азар сӕхӕдӕг куыд бавзарой.
Дӕ хоры сӕртӕ ӕмӕ Мын дӕ сӕны хуыздӕр хӕссынмӕ фӕстиат ма кӕн. Уӕ фырттӕй хистӕр зӕнӕг чи уа, уый дӕттут Мӕнӕн.
Дӕ хуымы хоры сӕртӕ-иу ӕрбахӕсс дӕ Хуыцауы — Дунедарӕджы хӕдзармӕ. Сӕныччы йӕ мады ӕхсыры ма фыц.
кӕй уын дӕттын, уыцы зӕхмӕ куы бацӕуат ӕмӕ уым уӕ хуымтӕ куы ӕркӕрдат, уӕд-иу уӕ хоры фыццаг куырис ӕрбахӕссут сауджынмӕ.
Кӕмдӕриддӕр цӕрат — хӕрдмӕ сисынӕн-иу ӕрбахӕссут дыууӕ дзулы. Хъуамӕ конд уой ӕвзаргӕ мӕнӕуы ссадӕй — ефӕйы дыууӕ дӕсӕймаг хайӕ, ӕнхъызт хыссӕйӕ — уӕ хоры сӕрӕй Дунедарӕгӕн хуын.
Стӕй ӕрмӕст дуне нӕ, фӕлӕ мах дӕр — Сыгъдӕг Удӕн Йӕ фыццаг дыргътӕй чи схайджын ис, уыдон, нӕхӕдӕг дӕр хъӕрзӕм ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, Хуыцау нӕ Йӕ хъӕбултау кӕд айсдзӕн ӕмӕ нӕ буар мӕлӕтӕй кӕд фервӕздзӕнис, уымӕ.