3 Стур кӕнӕ лыстӕг фосы кусартӕн йӕ базыг, ӕфсӕр ӕмӕ ахсӕн уагӕвӕрдмӕ гӕсгӕ сауджынтӕм хауынц, ӕмӕ сӕ алчидӕр хъуамӕ уыдонӕн дӕтта.
Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕн рахицӕн кӕн, хӕрдмӕ кӕй систӕуыд, нывондӕн хаст фыры уыцы кӕразимаг ӕмӕ рахиз сгуы ӕмӕ сӕ уазыл банымай.
Израилӕгтӕ сӕ раттӕнт Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕн, ӕмӕ сын уый уӕд мыггагмӕйы уагӕвӕрд. Сӕ фидыды нывӕндтӕй дӕр мысайнаг хицӕн кӕнӕнт Дунедарӕджы номыл.
Хур куы аныгуыла, уӕд ссыгъдӕг уыдзӕн, ӕмӕ уӕд йӕ бон уыдзӕни кувинӕгтӕй бахӕрын, уымӕн ӕмӕ уый йӕ хойраг у.
Дӕу уыдзысты, израилӕгтӕй цыдӕриддӕр хуынтӕ ӕмӕ лӕвӕрттӕ цӕуы, уыдон. Мыггагмӕйы уагӕвӕрдӕй сӕ Ӕз хай кӕнын дӕуӕн, дӕ фырттӕ ӕмӕ дӕ чызджытӕн: дӕ бинонтӕй дзы алы сыгъдӕгӕн дӕр хӕрыны бар ис.
Дунедарӕгӕн хаст сой, сӕн ӕмӕ хоры хуыздӕртӕ — ног тыллӕджы сӕртӕ — Ӕз дӕттын дӕуӕн.
Дӕ иууылсудзинаг нывӕндтӕ, ӕд фыд ӕмӕ ӕд туг, Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, нывондхӕссӕныл судзгӕ сты. Дӕ иннӕ нывӕндты туг-иу акал Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, нывондхӕссӕны раз, дзидза та хӕр.