Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Фӕлхатгонд ӕгъдау 18:22 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

22 Пехуымпар Дунедарӕджы номӕй кӕй зӕгъа, уыцы ныхас куынӕ ӕрцӕуа ӕмӕ куынӕ сӕххӕст уа, уӕд йӕ ныхас Дунедарӕгӕй нӕ рацыд, фӕлӕ йӕ пехуымпар къӕйныхӕй загъта йӕхӕдӕг, ма дзы тӕрс.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Фӕлхатгонд ӕгъдау 18:22
13 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Миха йын загъта: «Сӕрӕгасӕй куы ӕрбаздӕхай, уӕд Дунедарӕг нӕ дзырдта мӕн уылты». Ноджы-ма бафтыдта: «Мӕ ныхас уӕ ма ферох уӕд, мӕнӕ адӕм!»


Уыцы бонты Езекиа фӕци мӕлӕтдзаг рынчын. Ӕрбацыди йӕм пехуымпар Исайа, Амоцы фырт, ӕмӕ йын загъта: «Дунедарӕг дын фӕдзӕхсы, дӕ хӕдзаронтӕн, дам, ныууадз ныстуан, уымӕн ӕмӕ дӕ мӕлӕтдзаг низӕй нал сдзӕбӕх уыдзынӕ».


Сырддонцъиу куыд апӕррӕст кӕны ӕмӕ зӕрватыкк куыд атӕхы, афтӕ дзӕгъӕл ӕлгъыст дӕр дӕ рӕзты ацӕудзӕн.


Уӕ хуыцӕуттӕ нын ӕрхӕссӕнт бӕлвырд ӕвдисӕйнӕгтӕ, рагацау фехъусын кӕнӕнт, фидӕны цы ӕрцӕудзӕн, уыдӕттӕ. Сӕ ныхӕстӕ кӕд сӕххӕст уой, уӕд сыл баууӕнддзыстӕм.


Ионӕ сахары цӕуын байдыдта, боны дӕргъы йын-иу цас бантысти, уыйас, ӕмӕ адӕмӕн Хуыцауы ныхас хъусын кодта: «Дыууиссӕдз боны ма — ӕмӕ Ниневи ныппырх уыдзӕн!»


Дунедарӕгмӕ скуывта: «О Дунедарӕг! Мӕхи бӕстӕйы ма куы цардтӕн, уӕд ууыл нӕ дзырдтон, мыййаг? Таршишмӕ лидзын дӕр уый тыххӕй сфӕнд кодтон, уымӕн ӕмӕ зыдтон, фӕлмӕнзӕрдӕ, бирӕбыхсаг, бирӕбараг Хуыцау кӕй дӕ ӕмӕ Дӕ фыдбылыз ӕруадзын кӕй нӕ фӕнды, уый.


Дунедарӕджы раз ныхъхъус у, адӕймаг! Уый рацӕуы Йӕ уаз цӕрӕнӕй!»


Фӕлӕ пехуымпар, Ӕз кӕй нӕ загътон, уыцы ныхас Мӕ номӕй кӕнӕ ӕндӕр хуыцӕутты номӕй дзурын куы бауӕнда, уӕд ӕй марын хъӕуы“.


Чи зоны, ды дӕхинымӕр зӕгъай: „Ӕмӕ куыд базондзыстӕм мах, Дунедарӕгӕй чи нӕ рацыди, уыцы ныхас?“


Самуел ралӕг ис, ӕмӕ Дунедарӕг уыд йемӕ: Самуел цыдӕриддӕр загътаид — ӕрцыди-иу.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ