2 Левийы мыггагӕн хай нӕ уыдзӕн се ’фсымӕрты ’хсӕн. Дунедарӕг сын зӕрдӕ куыд бавӕрдта, афтӕмӕй Йӕхӕдӕг у уыдонӕн сӕ хай.
Ацы хабӕрттӕ куы ӕрцыдысты, уый фӕстӕ Дунедарӕг Авраммӕ ӕргом рацыд ӕмӕ йын загъта: «Ма тӕрс, Аврам! Ӕз дӕ хъахъхъӕнын уартау. Стыр уыдзӕни дӕ хӕрзиуӕг».
Фидар къахдзӕфтӕй цӕуын Дӕ фӕндӕгтыл, Дӕ фӕдыл цӕуын ӕмӕ нӕ цудын.
Хорзӕх ӕмӕ иузӕрдиондзинад баиу уыдзысты, рӕстдзинад ӕмӕ фарн кӕрӕдзийӕн батӕ кӕндзысты.
Уӕхӕдӕг та суыдзыстут Дунедарӕджы нымад сауджынтӕ, нӕ Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ. Адӕмты хъӕздыгдзинӕдтӕ уыдзысты уӕхи, иууылдӕр уыдзысты сымах.
Дунедарӕг — мӕ исбон, мӕ зӕрдӕ Йыл дардзынӕн.
Сауджынты фыдӕй-фыртмӕйы исбоны кой куы кӕнӕм, уӕд Ӕз Мӕхӕдӕг дӕн сӕ исбон. Зӕххы хай сын ма раттут Израилы: Ӕз Мӕхӕдӕг дӕн сӕ хай.
Дунедарӕг загъта Ааронӕн: «Зӕххы хай дын нӕ уыдзӕнис Израилы, ницы хай райсдзынӕ се ’хсӕн: дӕ исбон ӕмӕ дӕ зӕххы хай Ӕз дӕн!
Ды ӕмӕ дӕ фырттӕ та хъуамӕ сауджынлӕггад кӕнат нывондхӕссӕны уӕлхъус ӕмӕ мидӕмбӕрзӕны фале. Ӕз уын аккаг кӕнын сауджынлӕггад. Сымах йеддӕмӕ ӕндӕр исчи хӕстӕг куы ӕрбацӕуа, уӕд ӕй амарын хъӕуы».
Уымӕн нӕ бахаудта уӕрсты Левийы мыггаг, ӕмӕ йын йе ’фсымӕрты ӕмрӕнхъ уый тыххӕй нӕй хай. Дунедарӕг Йӕхӕдӕг у йӕ хай, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, уымӕн зӕрдӕ куыд бавӕрдта, афтӕ.
Ӕрмӕстдӕр Левийы хӕдзарвӕндагӕн нӕ радта Моисей зӕххы хай: Дунедарӕгӕн, Израилы Хуыцауӕн, цы нывӕндтӕ хӕссынц, уыдон сты сӕ исбон, Дунедарӕг Моисейӕн куыд загъта, афтӕ.
Ӕмӕ сымах дӕр цардӕгас дуртау уӕхи раттут Хуыцауӕн, уӕхицӕй лӕггады хӕдзар самайынӕн; уыдзыстут дзы сыгъдӕг кусджытӕ ӕмӕ Йын Йесо Чырыстийы фӕрцы хӕсдзыстут фӕндиаг нывӕндтӕ — лӕггад Ын кӕндзыстут Сыгъдӕг Удӕй разӕнгардӕй.
Сымах та стут ӕвзӕрст мыггаг, Паддзахы уаз лӕггадгӕнджытӕ, сыгъдӕг адӕм, Хуыцауы исбон, талынгӕй Йӕ диссаджы рухсмӕ кӕй ракодта ӕмӕ Йӕ алӕмӕты хъуыддӕгтӕ хъусын кӕнынмӕ кӕмӕ фӕсидти, Йӕ уыцы ӕвзӕрстытӕ.