18 Сӕхи ’хсӕнӕй сын сӕвӕрдзынӕн Ӕз дӕ хуызӕн пехуымпары. Йӕ комы йын Мӕ ныхӕстӕ бавӕрдзынӕн, ӕмӕ йын Ӕз цыдӕриддӕр зӕгъон, уыдӕттӕ дзурдзӕн.
Йӕ диссӕгтӕн ферохгӕнӕн нӕй, фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ рӕдау у Дунедарӕг.
«Уый Мӕ уаз хох Сионы цъуппыл Ӕз сой рауагътон Мӕ паддзахы сӕрыл».
Цу уӕдӕ! Ӕз демӕ уыдзынӕн, куы дзурай, уӕд. Цы зӕгъын хъӕуы, уый дын Ӕз Мӕхӕдӕг бацамондзынӕн».
ӕмӕ-иу ын зӕгъ, цы дзурын хъӕуы, уый. Ӕз Мӕхӕдӕг уемӕ уыдзынӕн, куы дзурат, уӕд. Ӕз уын Мӕхӕдӕг бацамондзынӕн, цы гӕнгӕ уын у, уый.
Дунедарӕг Хуыцау мын радта куырыхонты ӕвзаг, цӕмӕй-иу ӕз мӕ дзыхы ныхасӕй барӕвдауон фӕллад лӕджы. Ӕрвылрайсом мӕ райхъал кӕны, цӕмӕй Йӕм зыдӕй хъусон Йӕ ахуыргӕнинагау.
Ӕз айтыгътон уӕлӕрвтӕ ӕмӕ фидар сарӕзтон зӕхх. Ӕмӕ Сионы цӕрджытӕн зӕгъын, сымах Мӕ адӕм стут! Фӕдзӕхсын уын, адӕмы рӕгъмӕ куыд хӕссат Мӕ уынаффӕтӕ. Ӕмӕ уӕ Ӕз Мӕ базыры бын бакӕндзынӕн».
Ӕрбайхъусут Мӕм, Мӕ адӕм, Ӕрбайхъусут Мӕм, Мӕ дзыллӕ! Ӕз уын ӕрӕвӕрдзынӕн Ӕгъдау, Мӕ амындтытӕ рухсдӕттӕг суыдзысты адӕмтӕн.
Дунедарӕг радардта Йӕ къух, бандзӕвыд мӕ былтыл ӕмӕ загъта: «Мӕ ныхӕстӕ дын бавӕрдтон дӕ комы.
Ефрем тынг смӕсты кодта Дунедарӕджы йӕхимӕ, ӕмӕ йын Дунедарӕг, цы туг ныккалдта, уый тыххӕй аккаг фӕуыдзӕни, фидиссаг ӕй фӕкӕндзӕн.
Уӕ фырттӕй-иу уын равзӕрстон пехуымпартӕ, уӕ лӕппутӕй-иу снывонд кодтон Мӕхицӕн. Афтӕ нӕу, Израил? — зӕгъы Дунедарӕг. —
Мӕнӕ Ӕз ӕрвитын Мӕ фидиуӕджы, цӕмӕй Мын Мӕ развӕндаг слӕгъз кӕна. Ӕвиппайды Йӕ Кувӕндонмӕ ӕрцӕудзӕн, сымах кӕй агурут, уыцы Бардарӕг, кӕмӕ бӕллут, уыцы бадзырды Фидиуӕг. Мӕнӕ ныридӕгӕн ӕрбацӕуы, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. —
Ӕмӕ сдзынӕзта Моисей Дунедарӕгмӕ: «О Хуыцау, курын Дӕ, сдзӕбӕх ӕй кӕн!»
Ӕмӕ раргом кодта Дунедарӕг Йӕхи Балааммӕ, Йӕ ныхас ын йӕ комы бавӕрдта ӕмӕ йын загъта: «Аздӕх Балакмӕ ӕмӕ йын ӕй фехъусын кӕн».
Бавӕрдта Дунедарӕг Йӕ ныхас Балаамы комы ӕмӕ йын загъта: «Аздӕх Балакмӕ ӕмӕ йын ӕй фехъусын кӕн».
Йесо сӕ бафарста: «Цы нӕ зонын?» Уыдон Ын загътой: «Назаретаг Йесойы хабар. Хъуыддагӕй дӕр ӕмӕ ныхасӕй дӕр Уый уыди тыхджын пехуымпар Хуыцауы ӕмӕ ӕппӕт адӕмы раз.
Уӕд ӕй бафарстой: «Уӕдӕ чи дӕ? Илийа дӕ?» Уый сын загъта: «Нӕ дӕн». «Пехуымпар дӕ?» Уый дзуапп радта: «Нӕ дӕн».
Ӕмӕ йӕ бафарстой: «Уӕдӕ кӕд нӕдӕр Чырысти дӕ, нӕдӕр Илийа, нӕдӕр пехуымпар, уӕд цӕмӕн аргъауыс?»
Уӕд Филипп бацагуырдта Нафанаилы ӕмӕ йын загъта: «Мах ссардтам, Моисейы Ӕгъдауы, стӕй пехуымпарты чингуыты Кӕй тыххӕй фыст ис, уыцы Назаретаг Йесойы, Йосифы фырты».
Мӕныл йӕхи чи тигъ кӕны ӕмӕ Мӕ ныхӕстыл чи не ’ууӕнды, уымӕн ис тӕрхонгӕнӕг: Мӕ ныхас ын тӕрхон кӕндзӕни фӕстаг бон.
Ӕз уӕ ныридӕгӕн цагъартӕ нал хонын, уымӕн ӕмӕ цагъар, йӕ хицау цы кусы, уый нӕ фӕзоны. Фӕлӕ уӕ Ӕз схуыдтон Мӕ хӕлӕрттӕ, уымӕн ӕмӕ уын раргом кодтон, Мӕ Фыдӕй цыдӕриддӕр фехъуыстон, уый.
Ды Мӕн дунемӕ куыд рарвыстай, афтӕ сӕ Ӕз дӕр арвыстон дунемӕ.
Уымӕн ӕмӕ сын Ӕз фехъусын кодтон, Ды кӕй загътай, уыцы ныхӕстӕ, ӕмӕ ӕцӕгдӕр бамбӕрстой, Ӕз Дӕуӕй кӕй ӕрцыдтӕн, ӕмӕ сӕ бауырныдта, Ды Мӕ кӕй рарвыстай, уый.
Сылгоймаг Ын зӕгъы: «Ӕз ӕй зонын, Мессиа, ома, Чырысти кӕй хонынц, Уый кӕй ӕрцӕудзӕн ӕмӕ, куы ’рцӕуа, уӕд нын алцыдӕр бацамондзӕн».
Уӕд сын Йесо загъта: «Адӕймаджы Фырты уӕлӕмӕ куы сисат, уӕд базондзыстут: уый Ӕз дӕн ӕмӕ Мӕхи номӕй ницы кӕнын, фӕлӕ зӕгъын, Мӕ Фыд Мын цы бацамыдта, уый.
Моисей загъта нӕ фыдӕлтӕн: „Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, мӕн куыд сӕвӕрдта, афтӕ уын уе ’фсымӕртӕй иуы скӕндзӕни Пехуымпар. Уый уын цыдӕриддӕр зӕгъа, уымӕ-иу хъусут.
Уыцы Моисей загъта Израилы адӕмӕн: „Мӕн куыд сӕвӕрдта, афтӕ уын уе ’фсымӕртӕй иуы Хуыцау скӕндзӕни Пехуымпар“.
Мӕн куыд сӕвӕрдта Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, афтӕ уын уе ’фсымӕртӕй иуы скӕндзӕни пехуымпар, ӕмӕ-иу уымӕ хъусут.
Уыди уый паддзах Йешуруны, Израилы хӕдзарвӕндӕгтимӕ-иу адӕмы фӕтӕгтӕ куы ’рбамбырд сты, уӕд.
Уӕдӕй фӕстӕмӕ нӕ уыдис израилӕгты ’хсӕн Моисейы ӕмсӕр, Дунедарӕг лӕгӕй-лӕгмӕ кӕимӕ дзырдта, ахӕм пехуымпар.
Уыцы рӕстӕг ӕз та Дунедарӕгӕй сымах ӕхсӕн лӕууыдтӕн, цӕмӕй уын Дунедарӕджы ныхӕстӕ дзурон, уымӕн ӕмӕ сымах, артӕй тӕрсгӕйӕ, хохы сӕрмӕ ссӕуын нӕ уӕндыдыстут. Уый загъта:
Уымӕн ӕмӕ Хуыцау иу у, Хуыцау ӕмӕ адӕмы ’хсӕн дӕр — иу Ӕхсӕнылӕг ис, Адӕймаг Йесо Чырысти.
Афтӕмӕй Йесо сси хуыздӕр Фидыдӕн йӕ цӕджындз.