17 Ӕмӕ мын Дунедарӕг загъта: „Афтӕ кӕй загътой, уый хорз у.
Дунедарӕг Хуыцау мын радта куырыхонты ӕвзаг, цӕмӕй-иу ӕз мӕ дзыхы ныхасӕй барӕвдауон фӕллад лӕджы. Ӕрвылрайсом мӕ райхъал кӕны, цӕмӕй Йӕм зыдӕй хъусон Йӕ ахуыргӕнинагау.
Мӕ хъустӕ мын байгом кодта, ӕмӕ Йӕм байхъуыстон, мӕхи нӕ фӕтылиф кодтон.
Дунедарӕг радардта Йӕ къух, бандзӕвыд мӕ былтыл ӕмӕ загъта: «Мӕ ныхӕстӕ дын бавӕрдтон дӕ комы.
Сӕхи ’хсӕнӕй сын сӕвӕрдзынӕн Ӕз дӕ хуызӕн пехуымпары. Йӕ комы йын Мӕ ныхӕстӕ бавӕрдзынӕн, ӕмӕ йын Ӕз цыдӕриддӕр зӕгъон, уыдӕттӕ дзурдзӕн.
Фӕлӕ цӕмӕн хъуамӕ амӕлӕм ныр? Ацы пиллон арт нӕ аныхъуырдзӕн ӕмӕ амӕлдзыстӕм, Дунедарӕджы, нӕ Хуыцауы, хъӕлӕс ма куы фехъусӕм, уӕд.
Ӕмӕ уын Дунедарӕг фехъуыста уӕ ныхӕстӕ, мемӕ куы дзырдтат, уӕд, ӕмӕ мын загъта Дунедарӕг: „Ӕз фехъуыстон ацы адӕмы ныхӕстӕ, демӕ куы дзырдтой, уӕд. Раст дзурынц.