15 Мӕн куыд сӕвӕрдта Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, афтӕ уын уе ’фсымӕртӕй иуы скӕндзӕни пехуымпар, ӕмӕ-иу уымӕ хъусут.
Ефрем тынг смӕсты кодта Дунедарӕджы йӕхимӕ, ӕмӕ йын Дунедарӕг, цы туг ныккалдта, уый тыххӕй аккаг фӕуыдзӕни, фидиссаг ӕй фӕкӕндзӕн.
Дунедарӕг загъта: «Байхъусут мӕ ныхӕстӕм: Кӕд уе ’хсӕн Дунедарӕджы пехуымпар вӕййы, уӕд ӕм Ӕз йӕ цӕстылуайӕнты раргом кӕнын Мӕхи, фыны фӕдзурын йемӕ.
Уыци-уыцитӕй нӕ, фӕлӕ ӕргом, лӕгӕй-лӕгмӕ дзурын Ӕз йемӕ; уый Дунедарӕджы сурӕт йӕ цӕстӕй куы уыны, уӕд куыд бауӕндыдыстут сымах Мӕ цагъары, Моисейы, ныхмӕ дзурын?»
Петр йӕ ныхас нӕма фӕци, афтӕ сӕ рухскалгӕ ӕврагъ ӕрӕмбӕрзта, ӕмӕ уырдыгӕй райхъуысти: «Ай, Кӕуыл аудын, Мӕ уыцы уарзон Фырт у. Хъусут Ӕм».
Йӕ фӕдыл цы адӕм цыди, уыдон та дзырдтой: «Уый пехуымпар Йесо у, галилейаг Назаретӕй».
Сымахмӕ чи хъусы, уый Мӕнмӕ хъусы. Сымахыл йӕхи чи атигъ кӕны, уый Мӕныл атигъ кӕны. Мӕныл йӕхи чи атигъ кӕны, уый та — Мӕ Рарвитӕгыл».
Йерусалимы цардис иу рӕстгӕнӕг, йӕ ном — Симеон. Уый уыди Хуыцауыл ӕнувыд адӕймаг ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ касти, Хуыцау Израилы кӕд фервӕзын кӕндзӕн, уымӕ. Симеон хайджын уыди Сыгъдӕг Удӕй.
Муртаттӕгтӕн Уый уыдзӕни Дӕу ӕргомгӕнӕг рухс, Дӕ адӕмӕн, Израилӕн та — йӕ кад».
Йесо сӕ бафарста: «Цы нӕ зонын?» Уыдон Ын загътой: «Назаретаг Йесойы хабар. Хъуыддагӕй дӕр ӕмӕ ныхасӕй дӕр Уый уыди тыхджын пехуымпар Хуыцауы ӕмӕ ӕппӕт адӕмы раз.
Адӕмы зӕрдӕты тас бацыд, ӕмӕ кад кодтой Хуыцауӕн: «Стыр пехуымпар фӕзынди не ’хсӕн, ӕмӕ Хуыцау ӕркасти Йӕ адӕммӕ».
Ӕмӕ ӕврагъӕй райхъуысти хъӕлӕс: «Ай, Кӕй сӕвзӕрстон, Мӕ уыцы Фырт у. Хъусут Ӕм».
Уӕд ӕй бафарстой: «Уӕдӕ чи дӕ? Илийа дӕ?» Уый сын загъта: «Нӕ дӕн». «Пехуымпар дӕ?» Уый дзуапп радта: «Нӕ дӕн».
Ӕмӕ йӕ бафарстой: «Уӕдӕ кӕд нӕдӕр Чырысти дӕ, нӕдӕр Илийа, нӕдӕр пехуымпар, уӕд цӕмӕн аргъауыс?»
Уӕд Филипп бацагуырдта Нафанаилы ӕмӕ йын загъта: «Мах ссардтам, Моисейы Ӕгъдауы, стӕй пехуымпарты чингуыты Кӕй тыххӕй фыст ис, уыцы Назаретаг Йесойы, Йосифы фырты».
Сылгоймаг Ын зӕгъы: «Ме ’лдар, ӕз уынын, Ды пехуымпар кӕй дӕ, уый.
Йесо сын дзуапп радта: «Хуыцау Кӕй рарвыста, Ууыл ӕууӕндын — уый у Хуыцауӕн фӕндон хъуыддаг».
Уӕд та ногӕй фӕрсынц куырмы: «Ды та уыцы Адӕймаджы тыххӕй цы зӕгъдзынӕ? Цӕстӕй дӕ куы ракӕсын кодта». Уый сын дзуапп радта: «Пехуымпар у».
Уыцы Моисей загъта Израилы адӕмӕн: „Мӕн куыд сӕвӕрдта, афтӕ уын уе ’фсымӕртӕй иуы Хуыцау скӕндзӕни Пехуымпар“.
Уӕдӕй фӕстӕмӕ нӕ уыдис израилӕгты ’хсӕн Моисейы ӕмсӕр, Дунедарӕг лӕгӕй-лӕгмӕ кӕимӕ дзырдта, ахӕм пехуымпар.
Уыцы рӕстӕг ӕз та Дунедарӕгӕй сымах ӕхсӕн лӕууыдтӕн, цӕмӕй уын Дунедарӕджы ныхӕстӕ дзурон, уымӕн ӕмӕ сымах, артӕй тӕрсгӕйӕ, хохы сӕрмӕ ссӕуын нӕ уӕндыдыстут. Уый загъта:
Уымӕн ӕмӕ Хуыцау иу у, Хуыцау ӕмӕ адӕмы ’хсӕн дӕр — иу Ӕхсӕнылӕг ис, Адӕймаг Йесо Чырысти.
Йӕ фӕдзӕхст та ахӕм у: мах хъуамӕ ӕууӕндӕм Йӕ Фырт Йесо Чырыстийыл ӕмӕ уарзӕм кӕрӕдзи, куыд нын бафӕдзӕхста, афтӕ.