14 Уымӕн ӕмӕ, уӕхи кӕй зӕхх бакӕндзыстут, уыцы адӕмтӕ дӕснытӕ ӕмӕ кӕлӕнгӕнджытӕм хъусынц, сымахӕн та Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, ахӕм бар нӕ дӕтты.
Фыны йын Хуыцау загъта: «Ӕз дӕр ӕй зонын, ацы хъуыддаджы дӕ цӕсгом сыгъдӕг кӕй у, уый ӕмӕ дӕ уымӕ гӕсгӕ Мӕхӕдӕг баурӕдтон тӕригъӕд ракӕнынӕй Мӕ разы — уымӕ гӕсгӕ дӕ нӕ бауагътон ацы сылгоймагмӕ бавналын.
Арты нывондӕн ӕрхаста йӕ фырты, дӕсны фарста ӕмӕ кӕлӕнтӕ кодта, суанг ма мӕрдтӕмсидджытӕ ӕмӕ дӕсныфӕрсджыты дӕр баххуырста. Дунедарӕгӕн ӕнӕуынон чи уыд, ахӕм хъуыддӕгтӕ бирӕ сарӕзта, ӕмӕ Йӕ мӕсты кодта.
Фӕлӕ Ды, Дунедарӕг, ныууагътай Дӕ адӕмы, Йаковы хӕдзарвӕндаджы, уымӕн ӕмӕ бирӕ хъуыддӕгтӕй байдыдтой Скӕсӕны адӕмты фӕзмын. Филистимӕгтау сӕм фӕзынди дӕсныфӕрсджытӕ, ӕндӕрбӕстӕгтимӕ сӕмдзӕхдон сты.
Ма хъусут пехуымпартӕ ӕмӕ дӕсныфӕрсджытӕм, фынтӕ ’взарджытӕм, кӕлӕнгӕнджытӕм ӕмӕ стъалыдӕснытӕм. Уыдон уын дзурынц, вавилойнаг паддзахӕн лӕггад нӕ кӕндзыстут, зӕгъгӕ.
Даниил паддзахӕн дзуапп радта: «Паддзах цы сусӕгдзинадӕй фӕрсы, уый йын куырыхонтӕ, кӕлӕнгӕнджытӕ, дӕсныфӕрсджытӕ ӕмӕ стъалыдӕснытӕ нӕ раргом кӕндзысты.
дӕ къухтӕй дын стондзынӕн дӕ хинтӕ, ӕмӕ де ’хсӕн кӕлӕнгӕнджытӕ нал баззайдзӕн.
Хуыцау рагзаманы адӕмтӕн лӕвӕрдта, сӕхи куыд фӕнды, афтӕ цӕрыны бар.
Ма уӕд уе ’хсӕн: йӕ фырты кӕнӕ йӕ чызджы арты нывондӕн чи ӕрхӕсса, ахӕмтӕ; дӕсныфӕрсджытӕ, хингӕнджытӕ, кӕлӕнгӕнджытӕ;