12 Уымӕн ӕмӕ ӕлгъаг у Дунедарӕгӕн ахӕм адӕймаг. Уыдӕтты тыххӕй байсдзӕни Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, ацы зӕхх ӕндӕр адӕмтӕй ӕмӕ йӕ сымахӕн ратдзӕн.
Иосиа ныццӕгъдын кодта мӕрдтӕмсидджытӕ ӕмӕ дӕсныфӕрсджыты, ныппырх кӕнын кодта, Иудейы зӕххыл ӕмӕ Йерусалимы хӕдзарон хуыцаугондӕй, гуымирыйӕ, стӕй ӕлгъагӕй цыдӕриддӕр разынди, уыдон. Ӕмӕ афтӕмӕй сӕххӕст кодта, сауджын Хилкиа Дунедарӕджы Кувӕндоны цы Ӕгъдауы чиныг ссардта, уым цы фыст уыди, уый.
уый тыххӕй йӕ Ӕз радтон адӕмты паддзахы къухтӕм, ӕмӕ йын уый бакодта, куыд ын хъуыди, афтӕ. Ӕз ыл Мӕхи атигъ кодтон йе ’наккаг миты аххосӕй.
Ахӕм хъуыддӕгтӕй уӕхи ма фӕчъизи кӕнут, уымӕн ӕмӕ уыдӕттӕй сӕхи фӕчъизи кодтой, Ӕз уӕ цурӕй кӕй сурын, уыцы адӕмтӕ.
Уыдоны тыххӕй зӕхх фӕчъизи ис. Ӕз зӕххӕй дзуапп ӕрдомдтон йӕ тӕригъӕды тыххӕй, ӕмӕ йӕ цӕрджыты расхуыста йӕхицӕй.
уымӕн ӕмӕ ӕппӕт уыдӕттӕ кодтой, ацы зӕххыл уӕ размӕ чи царди, уыцы адӕм, ӕмӕ зӕхх фӕчъизи ис.
Фӕлӕ дӕ уыцы рӕстӕг ма ферох уӕд дӕ сахары цӕрӕг левит: уымӕн, дӕуӕй хъауджыдӕр, нӕй зӕххы хай дӕр ӕмӕ исбон дӕр.
Сылгоймагӕн нӕлгоймаджы дарӕс дарын не ’мбӕлы, нӕлгоймаг та хъуамӕ сылгоймаджы дарӕс ма дара. Афтӕ чи кӕны, уый Дунедарӕгӕн, уӕ Хуыцауӕн, ӕлгъаг у.
Фӕлӕ сӕ Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, уӕ разӕй куы фӕсура, уӕд уӕм уӕ зӕрдӕ афтӕ ма сдзурӕд: „Рӕстгӕнджытӕ кӕй стӕм, уый тыххӕй нӕ ӕрбакодта Дунедарӕг ардӕм, цӕмӕй ацы бӕстӕ бацахсӕм“. Уымӕн ӕмӕ сӕ фыдракӕндты тыххӕй суры Дунедарӕг уыцы адӕмты уӕ цурӕй.
Раст ӕмӕ сыгъдӕгзӕрдӕ кӕй стут, уый тыххӕй сын нӕ бацахсдзыстут сӕ бӕстӕ. Фыдгӕнджытӕ кӕй сты, уый тыххӕй сӕ суры Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, уӕ цурӕй, цӕмӕй сӕххӕст кӕна, уӕ фыдӕлтӕ Авраам, Исаак ӕмӕ Йаковӕн цы сомы ракодта, уый.