Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Фӕлхатгонд ӕгъдау 18:10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

10 Ма уӕд уе ’хсӕн: йӕ фырты кӕнӕ йӕ чызджы арты нывондӕн чи ӕрхӕсса, ахӕмтӕ; дӕсныфӕрсджытӕ, хингӕнджытӕ, кӕлӕнгӕнджытӕ;

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Фӕлхатгонд ӕгъдау 18:10
36 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уый ме ’лдары синон куы у! Ме ’лдар дӕсны дӕр уымӕй фӕфӕрсы! Ӕнахъинон ми бакодтат“».


Израилы паддзӕхты фӕндагыл цыди, суанг ма йӕ фырты дӕр арты нывондӕн ӕрхаста, кӕддӕр Дунедарӕг Израилы адӕмы цурӕй цы адӕмты фӕсырдта, уыдоны ӕлгъаг митӕ фӕзмгӕйӕ.


Суӕлӕхох Ын сты Йӕ уагӕвӕрдтыл, кӕддӕр сын сӕ фыдӕлтимӕ цы фидыд сарӕзта, ууыл, Йӕ уынаффӕтыл. Табу кӕнын байдыдтой ницӕйаг гуымирытӕн. Сӕ ницӕйаг хъуыддӕгтӕй фӕзмыдтой, Дунедарӕг сын кӕй тыххӕй фӕдзӕхста, ма сӕ бафӕзмут, зӕгъгӕ, уыдоны — сӕ алыварс цӕрӕг адӕмты.


Арты нывондӕн хастой сӕ фыртты ӕмӕ сӕ чызджыты, дӕсны фарстой ӕмӕ кӕлӕнтӕ кодтой. Дунедарӕджы зӕрдӕмӕ цы нӕ цӕуы, уыдӕттыл бафтыдысты, ӕмӕ Йӕ мӕсты кодтой.


Арты нывондӕн ӕрхаста йӕ фырты, дӕсны фарста ӕмӕ кӕлӕнтӕ кодта, суанг ма мӕрдтӕмсидджытӕ ӕмӕ дӕсныфӕрсджыты дӕр баххуырста. Дунедарӕгӕн ӕнӕуынон чи уыд, ахӕм хъуыддӕгтӕ бирӕ сарӕзта, ӕмӕ Йӕ мӕсты кодта.


Иосиа ныццӕгъдын кодта мӕрдтӕмсидджытӕ ӕмӕ дӕсныфӕрсджыты, ныппырх кӕнын кодта, Иудейы зӕххыл ӕмӕ Йерусалимы хӕдзарон хуыцаугондӕй, гуымирыйӕ, стӕй ӕлгъагӕй цыдӕриддӕр разынди, уыдон. Ӕмӕ афтӕмӕй сӕххӕст кодта, сауджын Хилкиа Дунедарӕджы Кувӕндоны цы Ӕгъдауы чиныг ссардта, уым цы фыст уыди, уый.


Афтӕ фӕмард ис Саул, Дунедарӕгыл иузӕрдион кӕй нӕ разынд, уый тыххӕй. Йӕ дзырдмӕ Йын нӕ байхъуыста, суанг ма бафарста мӕрдтӕмсидӕджы дӕр,


Хинномы фырты дӕлвӕзы хаста нывӕндтӕ ӕмӕ йӕхи фыртты арты басыгъта, Дунедарӕг израилӕгты разӕй кӕй фӕсырдта, уыцы адӕмты ӕлгъаг митӕ фӕзмгӕйӕ.


Хинномы фырты дӕлвӕзы арты нывондӕн ӕрхаста йӕ фыртты, дӕсны фарста, хинтӕ ӕмӕ кӕлӕнтӕ кодта, мӕрдтӕмсидджытӕ ӕмӕ кӕлӕнгӕнджыты уынаффӕтӕм хъуыста. Дунедарӕджы раз бирӕ фыдракӕндтӕ сарӕзта ӕмӕ йӕ бирӕ галиу митӕй мӕсты кодта Дунедарӕджы.


Фӕлӕ йын фыд йӕ чызджы раттыныл куы не сразы уа, уӕд дӕр чызджы фыдӕн бафидӕд ирӕды бӕрц.


Кӕлӕнгӕнӕг сылгоймаджы удӕгасӕй ма ныууадз.


Дӕ уынаффӕгӕнджытӕй пайда нӕй, ӕмӕ ныр та, арв чи сгары, уыдон — стъалыдӕснытӕ — ӕрбалӕууӕнт дӕ уӕлхъус ӕмӕ дӕ хизӕнт фыдбылызӕй, ӕрцӕуинаг дыл цы у, уый мӕйногмӕ гӕсгӕ дзургӕйӕ.


Рагуацты хуызы уын мӕнг ныхӕстӕ хъусын кӕнынц, цӕмӕй уӕ зӕххӕй хауӕццаг фӕуат, цӕмӕй уӕ Ӕз фӕсурон ӕмӕ бабын уат.


Ма хъусут пехуымпартӕ ӕмӕ дӕсныфӕрсджытӕм, фынтӕ ’взарджытӕм, кӕлӕнгӕнджытӕм ӕмӕ стъалыдӕснытӕм. Уыдон уын дзурынц, вавилойнаг паддзахӕн лӕггад нӕ кӕндзыстут, зӕгъгӕ.


Хинномы фырты дӕлвӕзы Баалӕн кувӕндӕттӕ скодтой, цӕмӕй дзы сӕ фырттӕ ӕмӕ сӕ чызджыты Молохӕн арты нывондӕн хӕссой! Ӕз сын ахӕм бардзырд нӕ радтон! Мӕ хъуыдыйы дӕр нӕ уыд, цӕмӕй ахӕм ӕлгъаг митӕ кӕной ӕмӕ Иудей тӕригъӕдты бынӕй мауал зына!»


Хинномы фырты дӕлвӕзы, Тофеты, кувӕн къуыбыртӕ скодтой, цӕмӕй дзы сӕ фыртты ӕмӕ сӕ чызджыты арты нывондӕн хӕссой. Уый сын Ӕз нӕ бафӕдзӕхстон! Нӕу Мын ӕхцон!


Дзидза тугимӕ ма хӕрут. Дӕсны ма фӕрсут ӕмӕ кӕлӕнтӕ ма кӕнут.


Мӕрдтӕмсидджытӕ ӕмӕ дӕсныфӕрсджытӕм ма цӕут, цӕмӕй уӕхи ма фӕчъизи кӕнат. Ӕз Дунедарӕг дӕн, уӕ Хуыцау.


Мӕрдтӕмсидджытӕм ӕмӕ дӕсныфӕрсджытӕм чи цӕуа, семӕ чи хӕта, уыдоны Мӕ азар баййафдзӕн.


дӕ къухтӕй дын стондзынӕн дӕ хинтӕ, ӕмӕ де ’хсӕн кӕлӕнгӕнджытӕ нал баззайдзӕн.


Рӕхджы уӕм Ӕз тӕрхон кӕнынмӕ ’рцӕудзынӕн! Ӕз хурмӕ рахӕсдзынӕн кӕлӕнгӕнджыты, хӕтаг адӕмы, йӕ ард чи сайы, йе ’ххуырстӕн мызд чи нӕ фиды, идӕдз ӕмӕ сидзӕры чи ’фхӕры, ӕцӕгӕлоны ӕввахс чи нӕ уадзы ӕмӕ Мӕнӕй чи нӕ тӕрсы, уыдоны хъуыддӕгтӕ, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. —


Кӕлӕнгӕнджытӕй бирӕтӕ иу ранмӕ ӕрбахастой сӕ чингуытӕ ӕмӕ сӕ басыгътой ӕппӕт адӕмы раз. Чингуыты аргъ куы банымадтой, уӕд рауад дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз мин драхмӕйы.


Сахары царди иу адӕймаг, йӕ ном — Симон. Уый раздӕр уыди кӕлӕнгӕнӕг ӕмӕ самариӕгты дисы ӕфтыдта йӕ кӕлӕнтӕй; йӕхицӕй стыр цыдӕр арӕзта.


мӕнгхуыцӕуттӕн кувын, кӕлӕнтӕ, фыдӕх, хъаугъатӕ, мӕсты кӕнын, хи уӕлдӕр ӕвӕрын, кӕрӕдзийы не ’мбарын, къордтыл дихтӕ кӕнын,


Ды Дунедарӕгӕн, дӕ Хуыцауӕн, афтӕ ма кӕн: Дунедарӕг цӕуылдӕриддӕр ӕлгъ кӕны ӕмӕ Йын цыдӕриддӕр ӕнӕуынон у, уыдӕттӕ уыдон сӕ хуыцӕуттӕн кодтой; суанг ма сӕ фырттӕ ӕмӕ сӕ чызджыты дӕр арты сыгътой сӕ хуыцӕутты номыл.


Иу у сӕ азым дӕсныфӕрсӕг ӕмӕ ӕнӕсӕттонӕн, хӕдзарон хуыцаугӕндтӕн кувӕг ӕмӕ хивастӕн. Дунедарӕджы фӕдзӕхстыл дӕхи кӕй атигъ кодтай, уымӕ гӕсгӕ дыл Уый дӕр атигъ кодта Йӕхи, цӕмӕй паддзахиуӕг мауал кӕнай».


Уӕдмӕ Самуел амарди. Фӕхъыг ыл кодтой Израилы адӕм, ӕмӕ йӕ баныгӕдтой Рамайы, йӕ сахары. Ныр Саул та бӕстӕйӕ фӕсырдта мӕрдтӕмсидджытӕ ӕмӕ дӕсныты.


Уӕд йӕ дӕлдӕртӕн бафӕдзӕхста: «Ссарут мын мӕрдтӕмсидӕг сылгоймаг. Фӕцӕуон ӕм ӕмӕ йӕ бафӕрсон». Дзуапп ын радтой: «Мӕнӕ Ен-Доры ис мӕрдтӕмсидӕг сылгоймаг».


Саул, мачи мӕ базона, зӕгъгӕ, йӕ хуыз аивта, йӕ уӕлӕ скодта ӕндӕр дарӕс. Дыууӕ лӕджы йемӕ ракодта ӕмӕ уыцы сылгоймагмӕ ӕхсӕвы бацыдысты. Саул ын загъта: «Кӕмӕй дын зӕгъон, уый мын мӕрдтӕй ракӕн ӕмӕ мын ӕй бафӕрс».


Сылгоймаг ын дзуапп радта: «Ды бӕгуыдӕр зоныс, Саул цы бакодта, уый. Бӕстыл мӕрдтӕмсидӕг ӕмӕ дӕсны куынӕуал ныууагъта, сӕ мыггаг сын куы сыскъуыдта, уӕд мӕ цӕмӕн сафыс, мӕ уд мын къӕппӕджы цӕмӕн ӕппарыс?»


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ