3 Йӕ ныхасы сӕрты ахизгӕйӕ, исчи ӕндӕр хуыцӕуттӕн, хур, мӕй кӕнӕ стъалытӕн куы лӕггад кӕна ӕмӕ-иу сын куы бакува,
Афтӕ сӕнтысти дуне.
Ногӕй сарӕзта, кӕддӕр йӕ фыд Езекиа кӕй ныппырх кодта, уыцы кувӕн къуыбыртӕ. Израилы паддзах Ахавау нывондхӕссӕн скодта Баалӕн, сарӕзта Ашерӕйы цӕджындз. Стъалытӕм дӕр куывта ӕмӕ сын хаста нывӕндтӕ.
Ӕндӕр хуыцӕуттӕн, Дунедарӕгӕй уӕлдай, нывӕндтӕ чи хӕсса, уый ӕлгъыстаг фӕуӕд ӕмӕ мард ӕрцӕуӕд.
Баалӕн кувӕндӕттӕ сарӕзтой, цӕмӕй йын иууылсудзинаг нывондӕн сӕ сывӕллӕтты арты судзой! Ӕз ахӕм бардзырд никуы радтон! Уый Мӕнӕн Мӕ хъуыдыйы дӕр нӕ уыди!
Хинномы фырты дӕлвӕзы Баалӕн кувӕндӕттӕ скодтой, цӕмӕй дзы сӕ фырттӕ ӕмӕ сӕ чызджыты Молохӕн арты нывондӕн хӕссой! Ӕз сын ахӕм бардзырд нӕ радтон! Мӕ хъуыдыйы дӕр нӕ уыд, цӕмӕй ахӕм ӕлгъаг митӕ кӕной ӕмӕ Иудей тӕригъӕдты бынӕй мауал зына!»
Хинномы фырты дӕлвӕзы, Тофеты, кувӕн къуыбыртӕ скодтой, цӕмӕй дзы сӕ фыртты ӕмӕ сӕ чызджыты арты нывондӕн хӕссой. Уый сын Ӕз нӕ бафӕдзӕхстон! Нӕу Мын ӕхцон!
Хур ӕмӕ мӕйы, стӕй ӕппӕт уӕларвон ӕфсады — кӕй уарзтой, кӕмӕн лӕггад кодтой ӕмӕ кӕй фӕдыл цыдысты, кӕй фарстой ӕмӕ кӕмӕн куывтой, уыдоны бын сӕ ныххӕлиу кӕндзысты. Ничи сӕ ӕрӕмбырд кӕндзӕн, фаджысау зӕххыл лӕзӕрдзысты.
Дунедарӕг мӕ бакодта Кувӕндоны мидӕггаг кӕртмӕ, ӕмӕ дын мӕнӕ Дунедарӕджы Кувӕндоны къӕсӕрмӕ, тыргътӕй нывондхӕссӕны ’хсӕн, фондз ӕмӕ ссӕдз лӕджы лӕууы. Сӕ чъылдымтӕ сарӕзтой Дунедарӕджы Кувӕндонмӕ, се ’ргом та хурыскӕсӕнмӕ ӕмӕ хурыскӕсӕнӕрдӕм хурӕн куывтой.
Уӕ зӕрдӕ уӕ ма асайӕд, ма адзӕгъӕл ут ӕмӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕн лӕггад кӕнын ӕмӕ сын кувын ма райдайут.
уӕд, уыцы хабар фехъусгӕйӕ, хъуыддаг сбӕлвырд кӕн, ӕмӕ, кӕд Израилы ӕцӕгдӕр ахӕм ӕлгъаг ми сарӕзтӕуыд,
Арвыл хур, мӕй, стъалытӕ, ӕппӕт уӕларвӕфсады уындӕй уӕ зӕрдӕ ма бацыбӕл уӕд уыдонӕн кувынмӕ: арвы бын цыдӕриддӕр адӕмтӕ ис, уыдонӕн сӕ радта Дунедарӕг, уӕ Хуыцау.
Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, фӕдзӕхст куы ницӕмӕ ӕрдарат, уемӕ цӕуыл бафидыдта, уый сӕрты куы ахизат ӕмӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕн лӕггад кӕнын ӕмӕ кувын куы райдайат, уӕд уӕ Дунедарӕджы азар басудздзӕн, ӕмӕ рӕхджы бон уӕ кой, уӕ хъӕр дӕр нал уыдзӕни, цы алӕмӕты зӕхх уын балӕвар кодта, ууыл».