Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Фӕлхатгонд ӕгъдау 17:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн кӕй дӕтты, уыцы сахартӕй искӕцыйы ахӕм нӕлгоймаг кӕнӕ сылгоймаг куы разына, Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы раз, исты ӕвзӕрдзинад чи сараза ӕмӕ Йемӕ фидыд чи фехала;

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Фӕлхатгонд ӕгъдау 17:2
26 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Ацы бӕллӕхтӕ сыл уый тыххӕй ӕрцыдысты, ӕмӕ нӕ хъуыстой Дунедарӕгмӕ, сӕ Хуыцаумӕ. Семӕ цы фидыд сарӕзта, уый фехӕлдтой. Дунедарӕджы цагъар Моисей сын кӕддӕр цы ныффӕдзӕхста, уыдон не ’ххӕст кодтой.


Ногӕй сарӕзта, кӕддӕр йӕ фыд Езекиа кӕй ныппырх кодта, уыцы кувӕн къуыбыртӕ. Израилы паддзах Ахавау нывондхӕссӕн скодта Баалӕн, сарӕзта Ашерӕйы цӕджындз. Стъалытӕм дӕр куывта ӕмӕ сын хаста нывӕндтӕ.


уӕд мын уый тыххӕй дӕр тӕрхон кӕнын хъуыдаид, уӕд уый дӕр Бӕрзӕндтыл Бадӕг Хуыцауы раз гадзрахатдзинад уыдаид.


Фосимӕ чидӕриддӕр ӕриу уа — мард ӕрцӕуӕд.


Ӕндӕр хуыцӕуттӕн, Дунедарӕгӕй уӕлдай, нывӕндтӕ чи хӕсса, уый ӕлгъыстаг фӕуӕд ӕмӕ мард ӕрцӕуӕд.


Сӕ фыдӕлты сын, сӕ къухтыл хӕцгӕйӕ, Мысырӕй куы ракодтон, уӕд семӕ кӕй сарӕзтон, ахӕм фидыд нӕ. Кӕд Ӕз сӕ Бардарӕг уыдтӕн, уӕддӕр уыдон уыцы фидыд фехӕлдтой, — зӕгъы Дунедарӕг. —


Мӕ фидыд Мын чи фехӕлдта ӕмӕ фидыды ныхӕстӕ чи нӕ сӕххӕст кодта, уыцы адӕмӕн Ӕз, дыууӕ дихы кӕй акодтой ӕмӕ йӕ хӕйтты ’хсӕн кӕмӕн ацыдысты, уыцы роды ми бакӕндзынӕн.


Ӕз дӕуӕн, хъахбай устытӕ ӕмӕ туг ныккалджытӕ цы тӕрхоны аккаг сты, ахӕм тӕрхон рахӕсдзынӕн — фыр мӕстӕй судзгӕйӕ ӕмӕ зӕрдӕхсайгӕйӕ Ӕз дӕу тугкалӕн мӕлӕты амӕттаг бакӕндзынӕн.


Уыдон та Адамау фехӕлдтой фидыд, сивтой Мыл сӕ зӕрдӕ.


Сыкъауадындзӕй ныууас! Хъӕрццыгъайау йӕхи ныццӕвдзӕн знаг Дунедарӕджы адӕмыл, уымӕн ӕмӕ Мӕ Фидыды сӕрты ахызтысты, Ме ’Гъдауы ныхмӕ сыстадысты.


«Уӕхицӕй кӕнӕ уе ’хсӕн цӕрӕг ӕцӕгӕлӕттӕй исчи йӕ сывӕллоны Молохӕн нывондӕн куы ӕрхӕсса, уӕд мард ӕрцӕуӕд: адӕм ӕй дурты бын фӕкӕнӕнт.


Мӕ уагӕвӕрдтыл Мын уӕхи куы атигъ кӕнат ӕмӕ Мын Мӕ амындтытыл ӕлгъ куы кӕнат, уемӕ кӕй сарӕзтон, уыцы фидыд куы фехалат,


Мӕ фидыд Мын кӕй фехӕлдтат, уый тыххӕй уӕ карды амӕттаг бакӕндзынӕн. Уӕ сахарты куы бамбӕхсат, уӕд та уыл бафтаудзынӕн емынӕ, ӕмӕ уе знӕгты къухтӕм бахаудзыстут.


уӕд уыцы адӕймаджы, нӕлгоймаг уа ӕви сылгоймаг, сахары кулдуары раз дурты бын фӕкӕнут.


Ма разынӕд уе ’хсӕн ахӕм нӕлгоймаг кӕнӕ сылгоймаг, ахӕм мыггаг кӕнӕ хӕдзарвӕндаг, Дунедарӕгыл, нӕ Хуыцауыл, йӕхи чи атигъ кӕна ӕмӕ уыцы адӕмты хуыцӕуттӕн чи лӕггад кӕна! Ма разынӕд уе ’хсӕн маргджын зайӕгой кӕнӕ скъӕлдзойы уидаг!


Ӕмӕ сын загъд уыдзӕни: „Дунедарӕг, сӕ фыдӕлты Хуыцау, сӕ фыдӕлтимӕ, Мысырӕй сӕ куы ракодта, уӕд цы фидыд сарӕзта, уый ферох кодтой,


Сӕ фыдӕлтӕн куыд басомы кодтон, афтӕ сӕ Ӕз, ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕцӕй хъары, уыцы зӕхмӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ, ӕххормаг цы у, уый куынӕуал зоной ӕмӕ сыл хуыз куы фӕхӕца, уӕд ӕндӕр хуыцӕуттӕм аздӕхдзысты ӕмӕ уыдонӕн лӕггад кӕндзысты, Мӕн та ферох кӕндзысты, Мӕ фидыды сӕрты ахиздзысты.


Уӕхи хъахъхъӕнут: Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, бадзырд уӕ зӕрдыл дарут: ма кӕнут уӕхицӕн гуымирытӕ, мацы кувӕн фӕлгонцтӕ аразут. Афтӕ уын фӕдзӕхсы Дунедарӕг, уӕ Хуыцау.


Моисейы Ӕгъдау чи не ’ххӕст кодта, ахӕм адӕймаг дыууӕ кӕнӕ ӕртӕ ӕвдисӕны ныхасӕй кӕд ӕгъатырӕй мӕлӕтмӕ лӕвӕрд цыди,


Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, фӕдзӕхст куы ницӕмӕ ӕрдарат, уемӕ цӕуыл бафидыдта, уый сӕрты куы ахизат ӕмӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕн лӕггад кӕнын ӕмӕ кувын куы райдайат, уӕд уӕ Дунедарӕджы азар басудздзӕн, ӕмӕ рӕхджы бон уӕ кой, уӕ хъӕр дӕр нал уыдзӕни, цы алӕмӕты зӕхх уын балӕвар кодта, ууыл».


Израилӕгтӕ тӕригъӕды бацыдысты, семӕ цы фидыд сарӕзтон, уый фехӕлдтой. Ӕлгъыстаг цы у, уымӕй райстой, басусӕг ӕй кодтой ӕмӕ йӕ сӕ дзаумӕтты ’хсӕн бамбӕхстой.


Ӕлгъыстаг дзаума кӕмӕ разына, уый йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йӕ исбон дӕр арты сыгъд ӕрцӕуӕд, Дунедарӕджы бадзырды сӕрты кӕй ахызт ӕмӕ израилӕгты ’хсӕн ӕлгъаг хъуыддаг кӕй сарӕзта, уый тыххӕй».


Дунедарӕг Израилмӕ тынг смӕсты ис ӕмӕ загъта: «Кӕд ацы адӕм, сӕ фыдӕлтимӕ сын цы фидыд сарӕзтон, уый халынц ӕмӕ Мӕм нӕ хъусынц,


Уӕд Иоас, йӕ алыварс цы адӕм ӕрӕмбырд, уыдоныл ныхъхъӕр кодта: «Ӕмӕ Баалы сӕрыл сымах хъуамӕ хӕцат? Йӕ фарс чи хӕца, уый ацы тӕккӕ райсом амарын кӕндзынӕн! Кӕд Баал хуыцау у, уӕд йӕхӕдӕг тох кӕнӕд йемӕ, уымӕн ӕмӕ йын йӕ нывондхӕссӕн ныппырх кодта!»


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ