Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Фӕлхатгонд ӕгъдау 17:19 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

19 Цӕргӕбонты йӕ разы уӕд ӕмӕ йӕ кӕсӕд, цӕмӕй сахуыр уа Дунедарӕгӕй, йӕ Хуыцауӕй, тӕрсын, бӕстон ӕххӕст кӕна ацы Ӕгъдау ӕмӕ йе ’ппӕт домӕнтӕ,

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Фӕлхатгонд ӕгъдау 17:19
11 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Шафан паддзахмӕ равдыста, Хилкиа йӕм цы чиныг радта, уый ӕмӕ йын ӕй бакасти.


Дунедарӕджы Ӕгъдау адджын кӕмӕн у, Дунедарӕджы Дзырд ӕхсӕвӕй-бонӕй йӕ зӕрдыл чи дары!


Сымах лӕмбынӕг иртасут Сыгъдӕг Фыст, ӕмӕ йӕ фӕрцы мыггагмӕйы цард райсын ӕнхъӕл стут, афтӕмӕй уый та Мӕныл дзурӕг у.


Уӕдӕ уын абон кӕй фӕдзӕхсын, уыцы ныхӕстӕ уӕ зӕрдӕйы арф бавӕрут, алкӕддӕр уӕнт уӕ хъуыдыйы. Уӕ къухыл сӕ фӕнысан кӕнут, уӕ ныхыл сӕ бабӕттут.


Уыцы бон Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы раз, лӕууыдыстут Хоревы рӕбын, ӕмӕ мын Дунедарӕг загъта: „Адӕмы Мӕм ӕрӕмбырд кӕн, ӕмӕ сын Ӕз Мӕ ныхас фехъусын кӕндзынӕн, цӕмӕй сӕм цӕргӕбонты зӕххыл Мӕнӕй тас уа ӕмӕ сӕ цоты дӕр ууыл ахуыр кӕной“.


Уӕдӕ афтӕ: дӕхимӕ кӕс, ӕмӕ дӕ рох ма уӕд, дӕхи цӕстӕй цы федтай, уыдӕттӕ, цӕмӕй цӕрӕнбонты дӕ зӕрдыл лӕууой ӕмӕ дзурай дӕ цотӕн ӕмӕ дӕ цоты цотӕн.


Моисей фӕдзырдта ӕппӕт Израилы адӕммӕ ӕмӕ сын загъта: «Байхъусут, израилӕгтӕ, абон уын ӕз цы фӕтк ӕмӕ цы уагӕвӕрдты тыххӕй дзурын, уыдонмӕ. Сахуыр сӕ кӕнут ӕмӕ сӕ ӕххӕст кӕнут.


Ӕгъдауы чиныджы дзырд дӕ былалгъыл уӕд иудадзыг, фӕлхат ӕй кӕн бон дӕр ӕмӕ ӕхсӕв дӕр, иууылдӕр сӕ лӕмбынӕг ӕххӕст кӕн, — уӕд уыдзынӕ фӕрнӕйдзаг ӕмӕ ӕнтыстджын.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ