Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Фӕлхатгонд ӕгъдау 17:18 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

18 Паддзахы бадӕны куы сбада, уӕд-иу сауджынтӕм, левиттӕм цы тухгӕ чиныг ис, уырдыгӕй ацы Ӕгъдау рафыссӕд йӕхицӕн.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Фӕлхатгонд ӕгъдау 17:18
7 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Ма рох кӕн Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, домӕнтӕ, Йӕ амынд фӕндӕгтыл цу. Ӕххӕст Ын кӕн Йӕ уагӕвӕрдтӕ, Йӕ фӕдзӕхстытӕ, Йӕ амындтытӕ ӕмӕ Йӕ уынаффӕтӕ, Моисейы Ӕгъдауы куыд фыст ис, афтӕ. Уӕд дын фадат фӕуыдзӕни, цӕмӕй дӕ къухы ӕфтой алы хъуыддаг, алы фӕнд дӕр.


Сауджын паддзахы фырты ӕддӕмӕ ракодта, паддзахы худ ыл ӕркодта ӕмӕ йын радта паддзахиуӕджы ӕвдисӕндар. Уый фӕстӕ йӕ байсӕрста ӕмӕ йӕ расидти паддзахӕй. Иууылдӕр ын нымдзӕгъд кодтой ӕмӕ цинхъӕр самадтой: «Ӕгас цӕуӕд паддзах!»


Нымӕрдар ацы ныхӕстӕ Хилкиайӕн куы рафӕзмыдта, уӕд ын уый загъта: «Дунедарӕджы Кувӕндоны ӕз ссардтон Ӕгъдауы чиныг». Ӕмӕ Хилкиа уыцы чиныг Шафанмӕ радта, ӕмӕ йӕ уый бакасти.


Хилкиа нымӕрдар Шафанӕн загъта: «Ӕз Дунедарӕджы Кувӕндоны ссардтон Ӕгъдауы чиныг». Ӕмӕ тухгӕ чиныг Шафанмӕ радта.


Моисей ныффыста уыцы Ӕгъдау ӕмӕ йӕ, Дунедарӕджы Фидыды Чырын чи хаста, уыцы сауджынтӕм, Левийы байзӕддӕгтӕм, стӕй Израилы хистӕртӕм радта.


Ӕгъдауы чиныджы дзырд дӕ былалгъыл уӕд иудадзыг, фӕлхат ӕй кӕн бон дӕр ӕмӕ ӕхсӕв дӕр, иууылдӕр сӕ лӕмбынӕг ӕххӕст кӕн, — уӕд уыдзынӕ фӕрнӕйдзаг ӕмӕ ӕнтыстджын.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ