15 уӕд, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, уе ’фсымӕртӕй кӕй равзара, уый скӕнут паддзах уӕхицӕн. Ӕндӕрбӕстаджы ма скӕнут паддзах — уый уе ’фсымӕр нӕу.
Израилы хӕдзарвӕндӕгтӕ иууылдӕр ӕрцыдысты Давидмӕ Хевронмӕ ӕмӕ йын загътой: «Дӕ туг, де стӕг стӕм мах.
Амӕй размӕ дӕр, Саул паддзахиуӕг куы кодта, уӕд ды лӕууыдтӕ Израилы ӕфсады сӕргъы. Дунедарӕг дын загъта: „Ды хъахъхъӕндзынӕ Мӕ адӕмы, Израилы, ды уыдзынӕ сӕ фӕтӕг“».
Мӕнӕ, Давидмӕ Хевроны сахармӕ цы хӕстифтонг къордтӕ ӕрцыд, уыдоны хыгъд. Ӕрцыдысты йӕм, цӕмӕй йӕ Саулы бӕсты сӕвӕрой паддзахӕй, Дунедарӕг куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.
Соломон сараздзӕн Мӕ номыл хӕдзар. Уый уыдзӕни Мӕ фырт, Ӕз та уыдзынӕн Йӕ Фыд, ӕмӕ йын Израилы сӕргъы йӕ паддзахы бадӕн сфидар кӕндзынӕн мыггагмӕ“.
Бирӕ фырттӕ мын радта Дунедарӕг, ӕмӕ ӕппӕт уыдонӕй равзӕрста мӕ фырт Соломоны, цӕмӕй Дунедарӕджы паддзахы бадӕны ӕрбада Израилы сӕргъы.
Растадысты зӕххон паддзӕхтӕ, ӕрбамбырд сты иумӕ барджынтӕ Дунедарӕг ӕмӕ Йӕ байсӕрсты ныхмӕ:
«Уый Мӕ уаз хох Сионы цъуппыл Ӕз сой рауагътон Мӕ паддзахы сӕрыл».
Дӕхи бахъахъхъӕн — бӕгъӕввадӕй куы аззайай, мыййаг, куы бахус уа дӕ ком! Фӕлӕ ды загътай: «Уыдон сты ӕнӕпайда ныхӕстӕ! Ӕз ӕцӕгӕлӕтты уарзын ӕмӕ сӕм цӕудзынӕн».
Сӕ фӕтӕг уыдзӕни сӕхицӕй, се ’хсӕнӕй рацӕудзӕн. Ӕз ӕй Мӕхимӕ ӕрбаввахс кӕндзынӕн, ӕмӕ Мӕм ӕрбахӕстӕг уыдзӕн. Йӕхи фӕндӕй Мӕм хӕстӕг ӕрбацӕуын чи бауӕнддзӕн? — зӕгъы Дунедарӕг. —
Уӕдӕ нын зӕгъ: куыд Дӕм кӕсы, кесӕрӕн хъалон фидын ӕмбӕлы ӕви нӕ?»
Самуел адӕмӕн загъта: «Уынут, Дунедарӕг кӕй равзӕрста, уый? Ӕппӕт адӕмы ’хсӕн ын ӕмбал нӕй». Адӕм иууылдӕр цины хъӕр ныккодтой: «Ӕгас цӕуӕд паддзах!»
Нывонд ӕрхӕссынмӕ-иу ӕрбахон Йессейы, ӕмӕ дын Ӕз бацамондзынӕн, цы гӕнгӕ у, уый: кӕмӕй дын зӕгъон, уый Мын-иу байсӕрд».
Загътой йын: «Ды базӕронд дӕ, дӕ фырттӕ та дӕ фӕндагыл лӕуд не сты. Гъемӕ, иннӕ адӕмтӕм куыд у, афтӕ махӕн дӕр нӕ сӕргъы паддзах сӕвӕр, ӕмӕ нын хицауиуӕг кӕна».