13 Уадз ӕмӕ йӕ адӕм иууылдӕр фехъусой ӕмӕ стӕрсой, ӕмӕ мачиуал бауӕнда къӕйных уӕвын.
Ӕгас Израил фехъусдзысты уыцы хабар, тас сыл бахӕцдзӕн, ӕмӕ ахӕм ми ничиуал бакӕндзӕн уе ’хсӕн.
Дунедарӕг, Дӕ Хуыцау, дӕуӕн цӕрынӕн кӕй радта, уыцы сахартӕй искӕцыйы тыххӕй куы фехъусай, ӕнӕхуыцӕуттӕ дзы фӕзынд ӕмӕ йын йӕ цӕрджыты галиу фӕндагмӕ аздӕхтой, цом ӕмӕ, кӕй нӕ зыдтат, ӕндӕр ахӕм хуыцӕуттӕн лӕггад кӕнӕм, зӕгъгӕ,
Дунедарӕгӕн, дӕ Хуыцауӕн, уыцы ран лӕггад цы сауджын кӕна, уымӕ ӕмӕ тӕрхоны лӕгмӕ йӕ фыр къӕйныхӕй чи нӕ байхъуса, уый маринаг у. Фесафут Израилӕй фыддзинад!
Хабар ӕппӕт адӕм дӕр фехъусдзысты ӕмӕ стӕрсдзысты, ахӕм хъуыддагӕй сӕхи хиздзысты ӕмӕ дарддӕр афтӕ ничиуал бакӕндзӕн сымахӕй.