5 Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн кӕй радта, уыцы сахартӕй уын иуы дӕр нӕй Куадзӕны нывонд акусарт кӕнӕн.
Донгонд дзулты бӕрӕгбоны фыццаг бон, Куадзӕны уӕрыкк ӕргӕвдыны бон, ахуыргӕнинӕгтӕ Йесойы бафарстой: «Куыд Дӕ фӕнды, кӕдӕм Дын ацӕуӕм Куадзӕны фынг ӕрӕвӕрынмӕ?»
Куадзӕны-иу Дунедарӕгӕн, дӕ Хуыцауӕн, стурвос кӕнӕ фысвосӕй нывонд ӕрхӕсс, Дунедарӕг Йӕ номыл цы бынат равзара, уым.
Авд боны дӕргъы дӕ зӕххы хайыл ӕнхъизӕнӕн йӕ кой дӕр макӕцы ран уӕд, фыццаг бон изӕрӕй цы кусарт акӕнай, уымӕй та райсоммӕ мацыуал баззайӕд.
Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, Йӕ номыл кӕй равзара, ӕрмӕстдӕр уыцы бынаты изӕрыгон, хурныгуылды фӕстӕ, Мысырӕй куы рацыдтӕ, раст уыцы афон, акусарт кӕн Куадзӕны нывонд.