Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Фӕлхатгонд ӕгъдау 16:22 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

22 Табуйаг дур дӕр ма сӕвӕр — уыдӕттӕ ӕнӕуынон сты Дунедарӕгӕн, дӕ Хуыцауӕн.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Фӕлхатгонд ӕгъдау 16:22
13 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Алы бӕрзонд хохыл ӕмӕ алы къабузджын бӕласы бын арӕзтой кувӕн къуыбыртӕ, табуйаг дуртӕ ӕмӕ Ашерӕйы цӕджындзтӕ.


Алы бӕрзонд къуыбыр ӕмӕ алы къабузджын бӕласы бын табуйаг дуртӕ ӕмӕ Ашерӕйы номыл дурцӕджындзтӕ ӕвӕрдтой.


Дӕхицӕн ма араз кӕрдгӕнывтӕ: нӕдӕр уӕле, арвыл цы ис, нӕдӕр дӕле — зӕххыл, нӕдӕр доны мидӕг — зӕххы бын цы ис, уыдоны фӕлгонцтӕ.


Сӕ нывондхӕссӕнтӕ сын фехалут, ныппырх сын кӕнут сӕ табуйаг дуртӕ, акалут Ашерӕйы цӕджындзтӕ.


Ӕз сӕм ӕрвылбон ӕрвыстон Мӕ лӕггадгӕнджыты, пехуымпарты, ахӕм ныхӕстимӕ: «Уе ’лгъаг митӕ ныууадзут, ӕнӕуынон Мын сты».


Уӕхицӕн гуымирытӕ ма аразут, хуыцаугӕндтӕ, табуйаг дурцӕджындзтӕ ӕмӕ нывӕфтыд дуртӕ ма ӕвӕрут, цӕмӕй сӕм куват, уый тыххӕй. Ӕз Дунедарӕг дӕн, уӕ Хуыцау.


йӕ хионы ныхмӕ фыдвӕндтӕ мачи аразӕд; мӕнг сомытӕй уӕхи хизут, уымӕн ӕмӕ Мын уыдӕттӕ ӕнӕуынон сты, — зӕгъы Дунедарӕг.


Ды Дунедарӕгӕн, дӕ Хуыцауӕн, афтӕ ма кӕн: Дунедарӕг цӕуылдӕриддӕр ӕлгъ кӕны ӕмӕ Йын цыдӕриддӕр ӕнӕуынон у, уыдӕттӕ уыдон сӕ хуыцӕуттӕн кодтой; суанг ма сӕ фырттӕ ӕмӕ сӕ чызджыты дӕр арты сыгътой сӕ хуыцӕутты номыл.


Фыдбылызӕй уӕхи бахизут: ма скӕнут уӕхицӕн гуымирытӕ — мадӕр нӕлгоймаджы, мадӕр сылгоймаджы хуызы,


Уӕхи хъахъхъӕнут: Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, бадзырд уӕ зӕрдыл дарут: ма кӕнут уӕхицӕн гуымирытӕ, мацы кувӕн фӕлгонцтӕ аразут. Афтӕ уын фӕдзӕхсы Дунедарӕг, уӕ Хуыцау.


Цот ӕмӕ уын цоты цот куы фӕзына, бирӕ куы фӕцӕрат уыцы бӕстӕйы ӕмӕ стӕй тӕригъӕд куы ӕруадзат Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы раз, гуымирытӕ куы скӕнат ӕмӕ Йӕ уӕхимӕ куы смӕсты кӕнат,


Афтӕ дӕумӕ дӕр ис николаитты ахуырадыл хӕст адӕймӕгтӕ.


Ӕниу дӕм хорзӕй уый ис, ӕмӕ, николаитты хъуыддӕгтӕ Мӕнӕн куыд ӕнӕуынон сты, афтӕ ӕнӕуынон сты дӕуӕн дӕр.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ