Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Фӕлхатгонд ӕгъдау 16:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 Куадзӕны-иу Дунедарӕгӕн, дӕ Хуыцауӕн, стурвос кӕнӕ фысвосӕй нывонд ӕрхӕсс, Дунедарӕг Йӕ номыл цы бынат равзара, уым.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Фӕлхатгонд ӕгъдау 16:2
19 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уым бардзырд радта ӕппӕт адӕмӕн дӕр: «Ацы Фидыды чиныджы фыстмӕ гӕсгӕ, Куадзӕн скӕнут Дунедарӕгӕн, уӕ Хуыцауӕн».


Паддзах Иосиа, адӕмӕй уым чи уыди, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр Куадзӕны номыл йӕ исбонӕй рауӕлдай кодта дӕс ӕмӕ ссӕдз мин уӕрыччы ӕмӕ сӕныччы, стӕй ӕртӕ мин стуры.


«Йӕ афоныл кӕнӕнт израилӕгтӕ Куадзӕн.


Донгонд дзулты бӕрӕгбоны фыццаг бон Йесомӕ бацыдысты Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ӕмӕ Йӕ бафарстой: «Куыд Дӕ фӕнды, кӕм Дын ӕрӕвӕрӕм Куадзӕны фынг?»


«Сымах зонут: дыууӕ боны фӕстӕ уыдзӕни Куадзӕн, ӕмӕ Адӕймаджы Фырты дзуарыл байтындздзысты».


Донгонд дзулты бӕрӕгбоны фыццаг бон, Куадзӕны уӕрыкк ӕргӕвдыны бон, ахуыргӕнинӕгтӕ Йесойы бафарстой: «Куыд Дӕ фӕнды, кӕдӕм Дын ацӕуӕм Куадзӕны фынг ӕрӕвӕрынмӕ?»


Ӕмӕ сын загъта: «Тынг Мӕ фӕндыд Мӕ хъизӕмары размӕ ацы Куадзӕны ӕхсӕвӕр уемӕ бахӕрын.


Йесо арвыста Петр ӕмӕ Иоанны ӕмӕ сын бафӕдзӕхста: «Ацӕут ӕмӕ нын Куадзӕны фынг ӕрӕвӕрут».


Уӕдӕ уӕхи ссыгъдӕг кӕнут зӕронд ӕнхъизӕнӕй, цӕмӕй фестат ног, ӕнӕнхъизӕн хыссӕ. Сымах ӕцӕгдӕр ахӕмтӕ стут, уымӕн ӕмӕ Чырыстийы, нӕ Куадзӕны Уӕрыччы, нывондӕн ӕрхастӕуыд.


уӕд-иу, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, Йӕхӕдӕг кӕй равзара ӕмӕ Йӕ номы аккаг кӕй скӕна, уыцы бынатмӕ сӕмбӕлын кӕнут, цы уын фӕдзӕхсын, уыдон иууылдӕр: уӕ иууылсудзинаг нывӕндтӕ ӕмӕ уӕ иннӕ кусӕрттӕгтӕ, уӕ исбонӕй алцӕмӕн дӕр йӕ дӕсӕймаг хай ӕмӕ уӕ къухвӕллойы ӕппӕт хуынтӕ, Дунедарӕгӕн ӕй ратдзынӕн, зӕгъгӕ, цӕмӕйдӕриддӕр загътат, уыдон.


Уӕ мыггӕгтӕй иуы зӕххыл цы бынат равзара Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, уым-иу хӕссут уӕ иууылсудзинаг нывӕндтӕ ӕмӕ-иу, цыдӕриддӕр уын фӕдзӕхсын, уыдӕттӕ кӕнут.


Хӕр сӕ ӕрмӕстдӕр Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы раз, Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, цы бынат равзӕрста, уым, демӕ — дӕ цот, чызгӕй, лӕппуйӕ, дӕ цагъартӕ нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй ӕмӕ дӕ сахары цӕрӕг левиттӕ. Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, раз райӕд дӕ зӕрдӕ дӕ къухвӕллойӕ.


Дӕ уаз хуынтӕ ӕмӕ дӕ фидыды нывӕндтимӕ та дын, Дунедарӕг кӕй равзӕрста, уыцы бынатмӕ цӕугӕ у.


Уӕ мыггӕгтӕй иуы зӕххыл Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, Йӕхицӕн бынат равзардзӕн. Уыцы бынат уыдзӕни Йӕ номыл, ӕмӕ-иу уырдӕм цӕут.


Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы раз сӕ хӕр алы аз дӕ бинонтимӕ, Дунедарӕг цы бынат равзара, уым.


Дӕ зӕрдыл дар авивы мӕй ӕмӕ бӕрӕг кӕн Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, Куадзӕн: авивы мӕйы дӕ ӕхсӕвыгон ракодта Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, Мысырӕй.


Куадзӕны нывонд ма хӕр ӕнхъизӕнджын дзулимӕ. Авд боны дӕргъы дын уыцы дзидзаимӕ фыдӕвзарӕны хойраг — донгонд дзул — хӕргӕ у, Мысырӕй ӕвӕстиатӕй кӕй фӕраст дӕ, уый мысынӕн. Афтӕмӕй ды цӕргӕбонты дӕ зӕрдыл дардзынӕ Мысырӕй рацыды бон.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ