Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Фӕлхатгонд ӕгъдау 16:18 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

18 Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, дын кӕй дӕтты, ӕппӕт уыцы сахарты дӕ мыггӕгтӕн тӕрхонгӕнджытӕ ӕмӕ уагдартӕ сӕвӕр, адӕмӕн раст тӕрхон куыд кӕной, афтӕ.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Фӕлхатгонд ӕгъдау 16:18
22 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уыдонӕй Дунедарӕджы хӕдзары куысты урӕд ӕрцыди цыппар ӕмӕ ссӕдз мины, бӕрнылӕгтӕ ӕмӕ тӕрхоны лӕгтӕй — ӕхсӕз мины,


Ицхары байзӕддагӕй: Кенаниа ӕмӕ йӕ фырттӕ. Адон Кувӕндоны нӕ куыстой, Израилӕн сӕ баурӕдтой бӕрнылӕгтӕ ӕмӕ тӕрхоны лӕгтӕй.


Ды та, Езра, хайджын кӕмӕй дӕ, дӕ Хуыцауы уыцы ӕнӕкӕрон зондмӕ гӕсгӕ хицӕуттӕ ӕмӕ тӕрхонгӕнджытӕ равзар, Евфраты фале цы фӕрсбӕстӕ ис, уымӕн йӕ цӕрджытӕй, дӕ Хуыцауы Ӕгъдау чи зоны, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр тӕрхон куыд хӕссой, афтӕ; чи йӕ нӕ зоны, уыдонӕн та йӕ бацамонут.


Адӕмы ’хсӕнӕй равзар, Хуыцауы тас кӕмӕ ис, ӕууӕнкджын чи у ӕмӕ гӕртам чи нӕ райсдзӕн, ахӕм нымад лӕгтӕ ӕмӕ сӕ хицӕуттӕй сӕвӕр: кӕй — мин, кӕй — фондзыссӕдз, кӕй — дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз, кӕй — дӕс лӕджы сӕргъы.


Нӕлгоймӕгтӕ хыл кӕнынц, ӕмӕ сӕ афтӕмӕй исчи ӕнхъӕлцау сылгоймаджы ныццавта, ӕмӕ уый февзӕр ис, фӕлӕ уымӕй дарддӕр йӕхи удӕн ницы уыди, зӕгъгӕ, уӕд, кӕй аххосӕй фефтыдта, уый сылгоймагӕн бафидӕд, йӕ сӕрыхицау цас зӕгъа, уыйас.


уӕд ӕй йӕ хицау бакӕнӕд Хуыцауы размӕ — бакӕнӕд ӕй дуармӕ кӕнӕ дуарӕн йӕ тарвазмӕ — ӕмӕ йын уым туасӕй фӕхуынкъ кӕнӕд йӕ хъус, ӕмӕ йӕ хицауӕн цагъарӕй баззайӕд мыггагмӕ.


Йӕ сӕрыхицауы йын сахары кулдуары цур зонынц, йӕ бӕстӕйы хистӕрты ’хсӕн фӕбады.


Сымах фехъуыстат, рагон адӕмӕн цы загъд уыди, уый: «Ма амар». Чи амара, уый дзуапп дӕтдзӕни тӕрхоны раз.


Ӕз та уын зӕгъын: суанг йе ’фсымӕрмӕ йӕ зӕрдӕйы маст чи хӕссы, уый дӕр дзуапп дӕтдзӕни тӕрхоны раз; йе ’фсымӕрӕн, «ницӕйаг дӕ», зӕгъгӕ, чи зӕгъа, уый дзуапп дӕтдзӕни синедрионы раз; «ӕнӕзонд» ӕй чи рахона, уымӕ та ӕнхъӕлмӕ кӕсы зындоны арт.


Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, арфӕмӕ гӕсгӕ, йӕ къух кӕмӕн цы амона, уый-иу ӕрбахӕссӕд!


Галиу тӕрхон ма кӕн, хъулон мийӕ дӕхи хиз. Гӕртӕмттӕ ма ис, уымӕн ӕмӕ гӕртам куырыхоны куырм кӕны, раст лӕджы — зылын.


Дунедарӕгӕн, дӕ Хуыцауӕн, уыцы ран лӕггад цы сауджын кӕна, уымӕ ӕмӕ тӕрхоны лӕгмӕ йӕ фыр къӕйныхӕй чи нӕ байхъуса, уый маринаг у. Фесафут Израилӕй фыддзинад!


Бафӕрс сауджынты, левитты ӕмӕ, уыцы рӕстӕг тӕрхоны лӕг чи уа, уый, ӕмӕ дын уыдон зӕгъдзысты сӕ уынаффӕ.


уӕд рацӕуӕнт уӕ хистӕртӕ ӕмӕ уӕ тӕрхонгӕнджытӕ ӕмӕ сбӕрӕг кӕнӕнт, мард кӕм ссардӕуыди, уыцы бынатӕй, йӕ алфамбылай цы сахартӕ ис, уыдонмӕ цас цыд у, уый.


Исчи искӕимӕ фӕбыцӕу ис, зӕгъгӕ, уӕд сӕ тӕрхоны раз ӕрлӕууын хъӕуы: уадз ӕмӕ хъуыддаг ӕвзӕрст ӕрцӕуа ӕмӕ рабӕрӕг уа, раст чи у ӕмӕ зылын чи у, уый.


Самуел куы базӕронд, уӕд Израилӕн фӕтӕгтӕй сӕвӕрдта йӕ фыртты.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ