17 Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, арфӕмӕ гӕсгӕ, йӕ къух кӕмӕн цы амона, уый-иу ӕрбахӕссӕд!
Чи дӕн ӕз ӕмӕ чи сты мӕ адӕм, цӕмӕй ахӕм мысайнӕгтӕ нӕхи хъомысӕй дӕттӕм? Дӕ лӕвар у алцыдӕр, ӕмӕ, Дӕ къухӕй цы райстам, уый Дын радтам фӕстӕмӕ.
Иудейы бӕстыхицау сын загъта: «Цалынмӕ сауджын сымах тыххӕй Хуыцаумӕ урим ӕмӕ туммимимӕ скува, уӕдмӕ уын сыгъдӕг нывӕндтӕй хӕрӕн нӕй».
Хойраджы хуынӕн-иу гал-нывондимӕ ӕрхӕссӕд ссады иу ефӕ, фыр-нывондимӕ дӕр — афтӕ, алы уӕрыккимӕ та — йӕ къух цас амона, уый бӕрц, стӕй ссады ефӕимӕ — оливӕйы сойы иу гин.
Кӕд ӕмӕ, сомы чи ракодта, уый мӕгуыр у ӕмӕ нысангонд аргъ йӕ бон бафидын нӕу, уӕд ӕй сауджынмӕ ӕрбакӕнын хъӕуы, цӕмӕй сауджын, цы йӕм ис, уымӕ гӕсгӕ аскъуыддзаг кӕна, цас ын фидгӕ у, уый.
Нӕ къух цас амоны, уый бӕрц зӕрдиагӕй куы дӕттӕм, уӕд уый Хуыцауӕн фӕндон у; цы нӕм нӕй, уый Хуыцау нӕ домы.
ӕмӕ, Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, арфӕйӕ дӕ къухы цы ис, уымӕй скӕн Къуыриты бӕрӕгбон ӕмӕ ссар Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, ном.
Уӕ нӕлгоймӕгтӕ се ’ппӕт дӕр афӕдз ӕртӕ хатты хъуамӕ ӕрлӕууой Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы раз, Йӕ номыл цы бынат равзара, уым: Донгонд дзулты, Къуыриты ӕмӕ Халагъудты бӕрӕгбӕтты. Афтидармӕй мачи ӕрбацӕуӕд!
Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, дын кӕй дӕтты, ӕппӕт уыцы сахарты дӕ мыггӕгтӕн тӕрхонгӕнджытӕ ӕмӕ уагдартӕ сӕвӕр, адӕмӕн раст тӕрхон куыд кӕной, афтӕ.