1 Дӕ зӕрдыл дар авивы мӕй ӕмӕ бӕрӕг кӕн Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, Куадзӕн: авивы мӕйы дӕ ӕхсӕвыгон ракодта Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, Мысырӕй.
Тӕккӕ уыцы бон Дунедарӕг израилӕгты ӕфсад ракодта Мысыры зӕххӕй.
Моисей адӕмӕн загъта: «Уӕ зӕрдыл бадарут ацы бон, Дунедарӕг уӕ Йе стыр хъомысы фӕрцы Мысырӕй — цагъары ӕфсондзы бынӕй — цы бон ракодта, уый. Уыцы бон ӕнхъызт дзул макуы бахӕрут.
Абон, авивы мӕйы, уӕ фӕндаг адардтат Мысырӕй.
Афӕдзӕй-афӕдзмӕ Мын бӕрӕгбон кӕнут ӕртӕ хатты.
Фыццаджыдӕр, бӕрӕг кӕнут Донгонд дзулты бӕрӕгбон. Куыд уын бафӕдзӕхстон, афтӕ — авивы мӕйы (уыцы мӕй рацыдыстут Мысырӕй) нысангонд бонты, авд боны дӕргъы, хӕрут донгонд дзултӕ. Афтидармӕй уӕ Мӕ размӕ мачи ӕрбацӕуӕд.
Бӕрӕг кӕнут Донгонд дзулты бӕрӕгбон. Авд боны дӕргъы-иу хӕрут донгонд дзултӕ, куыд уын бафӕдзӕхстон, афтӕ — авивы мӕйы, нысангонд бонты, уымӕн ӕмӕ авивы мӕйы рацыдыстут Мысырӕй.
Фыццаг мӕйы цыппӕрдӕсӕм бон, дыууӕизӕрастӕу — Дунедарӕджы Куадзӕн.
Фыццаг мӕйы цыппӕрдӕсӕм бон — Дунедарӕджы Куадзӕн.
Йесойы ныййарджытӕ Куадзӕны бӕрӕгбоны ӕрвылаз Йерусалиммӕ цыдысты.
Ӕрӕввахс ис иудейаг Куадзӕн, ӕмӕ Йесо ацыди Йерусалиммӕ.
Уый фӕстӕ уыди иудейаг бӕрӕгбон, ӕмӕ Йесо ацыди Йерусалиммӕ.
Ӕрхӕстӕг ис Куадзӕн, иудейаг бӕрӕгбон.
Куадзӕны-иу Дунедарӕгӕн, дӕ Хуыцауӕн, стурвос кӕнӕ фысвосӕй нывонд ӕрхӕсс, Дунедарӕг Йӕ номыл цы бынат равзара, уым.