Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Фӕлхатгонд ӕгъдау 15:9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

9 Ӕвдӕм аз, хӕстӕ барыны аз, ӕрбахӕццӕ кӕны, зӕгъгӕ, уӕд ӕнаккаг хъуыды ма бахъуызӕд дӕ зӕрдӕмӕ ӕмӕ дӕ мӕгуыр ӕфсымӕрыл дӕхи ма атигъ кӕн: йӕ дзыназын Дунедарӕгмӕ фехъуысдзӕн, ӕмӕ тӕригъӕды бацӕудзынӕ.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Фӕлхатгонд ӕгъдау 15:9
30 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Сыхъуысти Йӕм мӕгуырты ӕрдиаг, Уый фехъуыста ӕфхӕрд адӕмы уынӕргъын.


Ды Де ’ргом ма аздах мӕнӕй, мӕ хъыджы бон мӕм Дӕ хъус ӕрдар, куы Дӕм дзыназон — дзуапп мын ратт ӕвӕстиатӕй.


цӕмӕй ме знаг ма зӕгъа: «Фӕуӕлахиз ыл дӕн». Цӕмӕй фыдгултӕ ма ныццин кӕной, мӕнӕйуый нал ис, зӕгъгӕ.


Кады зарӕг кӕнут Дунедарӕгӕн, Сионы Паддзахӕн, адӕмтӕн хъусын кӕнут Йӕ хъуыддӕгтӕ.


Идӕдз ус ӕмӕ сидзӕры ма ’фхӕр.


Куы сӕ ’фхӕрат, уӕд Мӕм ӕххуысагур сдзыназдзысты, ӕмӕ сӕ Ӕз фехъусдзынӕн,


Дунедарӕг загъта: «Ӕз уынын Мӕ адӕмы хъизӕмар Мысыры. Хъусын, ӕххуысмӕ куыд дзыназынц, уый, — цӕстдарджытӕ сӕ ’фхӕрынц ӕнӕвгъау. Ӕз зонын, мӕ адӕмӕн сӕ хъару кӕй басаст,


Йӕ хионмӕ ’лгъаджы цӕстӕй чи кӕсы, уый тӕригъӕд ми кӕны, мӕгуыр лӕгӕн ӕххуыс чи кӕны, уый — тӕхудиаг.


Мӕгуыр лӕджы тӕригъӕддаг хъӕр фехъусгӕйӕ, йӕхи чи ныкъкъуырма кӕны, уый йӕхӕдӕг дӕр искӕд бон хъӕр кӕндзӕн, фӕлӕ йӕ ничи фехъусдзӕн.


Чъынды лӕгимӕ иу фынгыл ма бад, йӕ дзаджджын хӕринӕгтӕм ын ма хӕлӕг кӕн, уымӕн ӕмӕ йӕ зӕрдӕ у гуыдырӕй ӕхгӕд. Зӕгъдзӕн дын: «Хӕр ӕмӕ нуаз», йӕ хъуыдытӕ та ӕндӕр уыдзысты.


Ӕдылыйы фӕндтӕ — тӕригъӕдджын, ӕдзӕсгомыл адӕм ӕлгъ кӕнынц.


Фыд зыд хъӕздыгдзинадмӕ тагъд кӕны, йӕ фӕдыл гӕвз кӕй цӕуы, уый нӕ зоны.


Ӕппӕт хӕзнатӕй фылдӕр дӕхи зӕрдӕ хъахъхъӕн — царды гуырӕн уый у.


Ӕз, Дунедарӕг, адӕймаджы зӕрдӕ уынын, йӕ уд ын фӕлварын, цӕмӕй алкӕмӕн дӕр йӕ митӕм ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ бафидон».


„Алчидӕр уӕ йе ’фсымӕры, кӕй балхӕдта, уыцы дзуттаджы, йӕ куысты ӕвдӕм аз хъуамӕ ауадза. Ӕхсӕз азы йын лӕггад кӕнӕд, уый фӕстӕ йӕ хъуамӕ ссӕрибар кӕна“. Фӕлӕ Мӕм уӕ фыдӕлтӕ нӕ хъуыстой, Мӕ ныхӕстӕ Мын ницӕмӕ ӕрдардтой.


Уымӕн ӕмӕ зӕрдӕйӕ цӕуынц фыдвӕндтӕ — марын, бинойнагыл сайдӕй цӕуын, ӕнӕуаг митӕ кӕнын, давын, мӕнгӕвдисӕн лӕууын, хахуыр.


Мӕн цы у, ууыл мӕ бар нӕ цӕуы? Ӕви мын рӕдау уӕвын дӕ цӕст нӕ уарзы?“


Алы ӕвдӕм аз дӕр-иу, хӕс дӕ чи дары, уымӕн йӕ хӕс ныххатыр кӕн.


Мӕгуырӕн-иу хурныгуылды размӕ йӕ мызд ратт, уымӕн ӕмӕ уымӕ у йе скаст, цӕмӕй йе ’рдиаг Дунедарӕгмӕ ма фехъуыса, ӕмӕ йӕ тӕригъӕд дӕ фӕдыл ӕфтыд ма фӕуа.


Бафӕдзӕхста сын Моисей: «Авд азы фӕстӕ, хатыр кӕныны аз, Халагъудты бӕрӕгбоны,


Уӕдӕ хорздзинад аразын кӕй хъӕуы, уый чи ӕмбары ӕмӕ йӕ нӕ кӕны, уымӕн уый тӕригъӕд у.


Ӕви сымах афтӕ ӕнхъӕлут, ӕмӕ Сыгъдӕг Фыст дзӕгъӕлы зӕгъы: «Хуыцау нӕ зӕрдӕты Кӕй ӕрцӕрын кодта, уыцы Уд мах афтӕ бирӕ уарзы, ӕмӕ Йӕ фӕнды, ӕрмӕстдӕр Уый дӕлбар куыд уӕм»?


Уӕ хуымтӕ уын чи ныккарста, уыцы кусджыты мызд уӕхи бакодтат, ӕмӕ уыдон ӕрдиаг кӕнынц хъӕлӕсыдзагӕй. Уыцы хуымгӕрдджыты хъаст сыхъуысти Уӕларвӕфсады Бардарӕгмӕ.


Кӕрӕдзийӕ хъаст ма кӕнут, ӕфсымӕртӕ, ӕмӕ тӕрхонгонд ма уат. Тӕрхонгӕнӕг ныридӕгӕн къӕсӕрыл лӕууы.


Кӕрӕдзийы-иу суазӕг кӕнут зӕрдиагӕй, ӕнӕ хъуыр-хъуырӕй.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ