8 Дзагармӕй ӕрбалӕуу дӕ тыхст ӕфсымӕры фарсмӕ ӕмӕ йын, хъуаг цӕмӕй ӕййафы, уый ратт ӕфстау.
Мӕгуыр лӕгӕн чи ӕххуыс кӕны, уый Дунедарӕгӕн ӕфстау дӕтты, йӕ хорздзинад ын Дунедарӕг бафиддзӕн.
Де ’фсымӕр, израилаг, куы смӕгуыр уа, йӕхи дарынхъом куынӕуал уа, уӕд-иу ӕм фӕкӕс, ӕрцӕуӕггагмӕ кӕнӕ, уе ’хсӕн рӕстӕгмӕ чи ’рцӕра, уымӕ куыд фӕкӕсис, афтӕ. Уадз ӕмӕ дарддӕр цӕра дӕ разы.
Курӕгӕн ратт, ӕфстау агурӕгыл дӕхи ма атигъ кӕн.
Йӕ бафидынӕй уӕ ныфс кӕмӕй ис, кӕд ӕфстау уыдонӕн дӕттут, уӕд уый тыххӕй цавӕр хорзӕхы аккаг стут? Тӕригъӕдджынтӕ дӕр ӕфстау фӕдӕттынц тӕригъӕдджынтӕн, цӕмӕй, цас радтой, уый бӕрц фӕстӕмӕ райсой.
Ӕрмӕст куырдтой, цӕмӕй ма рох кӕнӕм мӕгуырты, ӕмӕ ӕз зӕрдиагӕй архайын уый сӕххӕст кӕныныл.