Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Фӕлхатгонд ӕгъдау 15:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Ӕрмӕст Дунедарӕгмӕ, уӕ Хуыцаумӕ, хъусут ӕмӕ-иу, абон уын цы зӕгъын, уыдон иууылдӕр ӕххӕст кӕнут.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Фӕлхатгонд ӕгъдау 15:5
12 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уӕвгӕ уӕм мӕгуыртӕ хъуамӕ ма уа, уымӕн ӕмӕ арфӕгонд уыдзыстут Дунедарӕгӕй, уӕхи йӕ бакӕнут, зӕгъгӕ уын Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, исбонӕн кӕй дӕтты, уыцы зӕххыл.


Зӕрдӕ уын куыд бавӕрдта, афтӕ уӕ Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, хорзӕх куы уа, уӕд бирӕ адӕмтӕн ӕфстау дӕтдзыстут, уӕхи та ӕфстау райсыны сӕр никуы бахъӕудзӕн; сымах бирӕ адӕмтӕн хицауиуӕг кӕндзыстут, уыдон та уын хицауиуӕг нӕ кӕндзысты.


Мӕ хъыджы сахат дзы нӕ бахордтон, фӕчъизи дӕн, афтӕмӕй йӕ нӕ рахицӕн кодтон, мардӕн дзы рухсаг нӕ загътон. Дунедарӕджы, мӕ Хуыцауы, ныхасмӕ хъуыстон, алцӕмӕй дӕр Дын Дӕ фӕндон ӕххӕст кодтон.


Уӕдӕ афтӕ: дӕхимӕ кӕс, ӕмӕ дӕ рох ма уӕд, дӕхи цӕстӕй цы федтай, уыдӕттӕ, цӕмӕй цӕрӕнбонты дӕ зӕрдыл лӕууой ӕмӕ дзурай дӕ цотӕн ӕмӕ дӕ цоты цотӕн.


Тӕрсут Дунедарӕгӕй, уӕ Хуыцауӕй, ӕмӕ Йын цӕрӕнбонты ӕххӕст кӕнут, ӕз уын кӕй амонын, Йӕ уыцы уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ фӕдзӕхстытӕ, — уӕхӕдӕг дӕр, уӕ цот дӕр ӕмӕ уӕ цоты цот дӕр, цӕмӕй бирӕ фӕцӕрат.


Ӕрмӕст уӕ цард уӕд Чырыстийы Фарны Уацмӕ гӕсгӕ. Ӕмӕ уӕм куы ӕрцӕуон, уӕд уӕ фендзынӕн, кӕнӕ уӕм кӕд мӕ бон ӕрбацӕуын не суа, уӕд фехъусдзынӕн, сымах кӕй стут ӕмуд, ӕмзӕрдӕйӕ кӕй тох кӕнут Фарны Уацы бындурыл амад уырнындзинадыл


Уӕдӕ фидар лӕуу ӕмӕ ма фӕтас! Дӕхи хъар, Мӕ цагъар Моисей дын цы Ӕгъдау бафӕдзӕхста, уый ӕнӕхъӕнӕй ӕххӕст кӕныныл! Мадӕр дзы рахизӕрдӕм ахиз, мадӕр галиуӕрдӕм, ӕмӕ уӕд дӕ аразинӕгтӕ иууылдӕр дӕ къухы ӕфтдзысты.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ