3 Ӕрцӕуӕггаджы, дӕ бон у, ӕмӕ дӕ хӕсы тыххӕй батыхсын кӕнай, фӕлӕ йӕ де ’фсымӕрӕн ныббар.
Мӕ адӕмы мӕгуыртӕй искӕмӕн ӕвзист ӕфстау куы раттай, уӕд ӕй фылдӕрӕй, пайдайыл дӕттӕгау, ма бацагур.
Цагъар та йӕ хицауы хӕдзары мыггагмӕ нӕ цӕры, фырт дзы цӕры мыггагмӕ.
Ӕмӕ, цалынмӕ рӕстӕг ис, уӕдмӕ цӕй ӕмӕ алкӕмӕн дӕр цӕуӕм хорзы, уӕлдайдӕр та, уырнындзинад мах иу бинонтӕ кӕимӕ скодта, уыдонӕн.
Ома хӕс куы раттай, уӕд ӕй, Дунедарӕджы хатырӕй, де ’фсымӕрӕй нӕ, фӕлӕ ӕндӕр искӕмӕй дӕр фӕстӕмӕ мауал бацагур.
Ӕндӕр искӕмӕй, дӕ бон у, исай уӕлӕмхасӕн ӕфтиаг, фӕлӕ дӕхи ’фсымӕрӕй ма ис, цӕмӕй Дунедарӕгӕй, дӕ Хуыцауӕй, арфӕгонд уа дӕ къухвӕллойӕ алцыдӕр, кӕдӕм раст кӕныс ӕмӕ дӕхи кӕй бакӕндзынӕ, уыцы бӕстӕйы.
Дунедарӕгӕн, дӕ Хуыцауӕн, истӕй тыххӕй куы басомы кӕнай, уӕд ӕй ӕнӕмӕнг сӕххӕст кӕн, уымӕн ӕмӕ дын ӕй Уый нӕ ныббардзӕн, тӕригъӕд дын фидгӕ уыдзӕн.