21 Фос къуылых, куырм кӕнӕ ӕндӕр исты сахъат у, зӕгъгӕ, уӕд ӕй Дунедарӕгӕн, дӕ Хуыцауӕн, нывондӕн ма ӕрхӕсс.
Йе стурвосӕй иууылсудзинаг нывонд куы хӕсса, уӕд хъуамӕ равзара ӕнӕсахъат гал. Фембӕлды Цатыры къӕсӕрмӕ йӕ ӕрбакӕнӕд, цӕмӕй йӕ нывонд Дунедарӕгӕн ӕхцон уа.
Дунедарӕгӕн ӕрхӕссут арты нывонд, иууылсудзинаг: дыууӕ уӕныджы, иу фыр ӕмӕ авд фыргуисты, ӕнӕсахъат куыд уой, афтӕ.
Иууылсудзинаг нывонд-иу ӕрхӕссут Дунедарӕгӕн ӕхцон хӕрздӕфӕн: иу уӕныг, иу фыр ӕмӕ авд фыргуисты, ӕнӕсахъат куыд уой, афтӕ.
Дунедарӕгӕн, дӕ Хуыцауӕн, сахъат стуртӕ кӕнӕ фысвосӕй нывонд ма хӕсс — ӕлгъаг ми у уый Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы цӕсты.