Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Фӕлхатгонд ӕгъдау 15:15 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

15 Рох дӕ ма уӕд, ды дӕр Мысыры цагъар кӕй уыдтӕ ӕмӕ дӕ Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, уацарӕй кӕй фервӕзын кодта, уый. Абон дын уыдӕттӕ дӕр уымӕн фӕдзӕхсын.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Фӕлхатгонд ӕгъдау 15:15
17 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Зӕххон адӕмтӕй дӕр кӕцыйӕн ис абарӕн Дӕ адӕмимӕ, Израилимӕ? Ды сӕм раргом дӕ, цӕмӕй сӕ балхӕнай ӕмӕ Дӕхи бауой, сӕ сӕраппонд стыр диссӕгтӕ саразай ӕмӕ Дӕ ном скадджын кӕнай. Ды, Дӕхицӕн Мысырӕй кӕй раирвӕзын кодтай, Дӕ уыцы адӕмы цурӕй ӕндӕр адӕмты ӕд хуыцӕуттӕ фӕсырдтай.


«Ӕз Дунедарӕг дӕн, дӕ Хуыцау, Мысыры зӕххӕй дӕ Чи ракодта, цагъары ӕфсондзы бынӕй, Уый.


«Ӕрбайхъусут-ма Мӕм, раст хъуыддӕгтӕ аразыныл йӕхи чи хъары ӕмӕ Мӕнмӕ чи кувы, уыдон! Скӕсут-ма, цы къӕдзӕхӕй уӕ ӕркарстӕуыд, уымӕ! Ныккӕсут-ма, цы донуатӕй уӕ скъахтӕуыд, уымӕ дӕр!


Фӕлӕ ралӕудзӕн ахӕм рӕстӕг, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ афтӕ ничиуал зӕгъдзӕн: „Цардӕгас у Дунедарӕг! Уый ракодта Израилы фыртты Мысырӕй“.


Чырысти не ссӕрибары аргъ бафыста Йӕ Тугӕй, ӕмӕ нын хатыргонд сты нӕ тӕригъӕдтӕ. Афтӕ ӕгӕрон у Йӕ хорзӕх,


Уӕды заман сымах цардыстут ӕнӕ Чырыстийӕ, ӕндӕрбӕстаг уыдыстут, израилаг адӕмӕн — ӕцӕгӕлон. Хуыцау Йӕ адӕмӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уыдонмӕ сымах ницы бар дардтат. Сымах а дунейы цардыстут ӕнӕ ныфс ӕмӕ ӕнӕ Хуыцауӕй.


Цӕрут хӕларӕй, кӕрӕдзийы зындзинад уӕм хъарӕд, Хуыцау уын Чырыстийы фӕрцы куыд ныббарста, афтӕ хатыр кӕнут кӕрӕдзийӕн.


Схай йын кӕн, цы дӕ бон у, уый дӕ фосӕй, дӕ мусӕй, дӕ сӕнӕй; схай йын кӕн, Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, фӕрцы дӕм цыдӕриддӕр ис, уымӕй.


Дӕхи дӕр ӕмӕ дын дӕ бинонты дӕр куы бауарза ӕмӕ дын куы зӕгъа, нӕ цӕуын, мӕнӕн сымахмӕ хорз у, зӕгъгӕ,


Дӕхӕдӕг дӕр Мысыры цагъар кӕй уыдтӕ, уый дӕ рох ма уӕд, ӕмӕ бӕстон ӕххӕст кӕн ацы ӕгъдау.


Чырысти нӕ сӕраппонд Йӕхи ӕрхаста нывондӕн, цӕмӕй нӕ фервӕзын кӕна алы тӕригъӕдӕй дӕр ӕмӕ Йӕхицӕн ссыгъдӕг кӕна, хорз хъуыддӕгтӕм чи тырндзӕн, ахӕм адӕм.


Уарзондзинад цы у, уый мах базыдтам, Йесо нӕ сӕраппонд Йӕ цард кӕй радта, уымӕй. Ӕмӕ мах дӕр хъуамӕ не ’фсымӕрты сӕраппонд дӕттӕм нӕ цард.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ