14 Схай йын кӕн, цы дӕ бон у, уый дӕ фосӕй, дӕ мусӕй, дӕ сӕнӕй; схай йын кӕн, Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, фӕрцы дӕм цыдӕриддӕр ис, уымӕй.
Ноджы ма сын загъта: «Цӕут ӕмӕ сойагӕй дӕр ӕмӕ адджинагӕй дӕр уӕхи хорз фенут. Цӕттӕ кӕмӕ ницы ис, уыдонӕн та хӕйттӕ арвитут: абон нӕ Дунедарӕджы бӕрӕгбон у, ӕмӕ ӕнкъард кӕнын нӕ хъӕуы — Дунедарӕгыл куы цин кӕнат, уӕд уӕ хъаруйыл бафтдзӕни».
ӕнӕзӕнӕг сылгоймагӕн хъӕбулы амонд ратты. Алелуйа!
Дӕ Хӕдзары мӕт мӕ удхарӕй мары, Дӕ фыдгойгӕнджыты фидистӕ мӕ фауынц.
Дунедарӕджы арфӕ адӕймаджы схъӕздыг кӕны, ӕмӕ йемӕ сагъӕс нӕ хӕссы.
Ӕз уын алцӕмӕй дӕр равдыстон, афтӕ кусгӕйӕ кӕй хъӕуы лӕмӕгътӕн ӕххуыс кӕнын ӕмӕ Бардарӕг Йесойы ныхӕстӕ зӕрдыл дарын, уымӕн ӕмӕ Уый Йӕхӕдӕг загъта: „Райсынӕй раттын хуыздӕр у“».
Къуырийы фыццаг бон сымахӕй алчидӕр, йӕ къух куыд амоны, афтӕ йӕ мулкӕй рахицӕн кӕнӕд, цӕмӕй, куы уӕм ӕрцӕуон, уӕд уыцы ӕххуыс ӕмбырдгӕнинаг мауал уа.
Куы йӕ сӕрибар кӕнай, уӕд та йӕ афтидармӕй ма ауадз.
Рох дӕ ма уӕд, ды дӕр Мысыры цагъар кӕй уыдтӕ ӕмӕ дӕ Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, уацарӕй кӕй фервӕзын кодта, уый. Абон дын уыдӕттӕ дӕр уымӕн фӕдзӕхсын.