Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Фӕлхатгонд ӕгъдау 15:10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

10 Цас дӕ куры, уый бӕрц ын зӕрдӕхӕларӕй ратт, ӕмӕ Дунедарӕгӕй, Дӕ Хуыцауӕй, арфӕгонд уыдзӕни дӕ алы хъуыддаг, дӕ алы куыст дӕр.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Фӕлхатгонд ӕгъдау 15:10
21 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Хӕларзӕрдӕ адӕймаг арфӕгонд уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ йӕ къӕбӕрӕй мӕгуыр лӕгӕн хай ратты.


Дӕ исбон цӕугӕдоны ауадз, дзӕвгар рӕстӕг куы рацӕуа, уӕд ӕй ногӕй ссардзынӕ.


Ӕууӕнкджын лӕгӕн та йӕ фӕндтӕ дӕр ӕфсармджын сты. Алы хъуыддаджы дӕр сыгъдӕг у йӕ цӕсгом.


ӕххормагӕн уӕ уд дӕр куынӕ бавгъау кӕнат ӕмӕ ӕфхӕрд адӕймаджы куы барӕвдауат, уӕд уӕ талынг ныррухс уыдзӕни, ӕмӕ бонрӕфты хурау тӕмӕнтӕ калдзӕни уӕ рухс.


Ӕмӕ сын Паддзах дзуапп ратдзӕн: „Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: Мӕ ацы кӕстӕр ӕфсымӕртӕй иуӕн цы сарӕзтат, уый Мӕнӕн сарӕзтат“.


Ӕз уын алцӕмӕй дӕр равдыстон, афтӕ кусгӕйӕ кӕй хъӕуы лӕмӕгътӕн ӕххуыс кӕнын ӕмӕ Бардарӕг Йесойы ныхӕстӕ зӕрдыл дарын, уымӕн ӕмӕ Уый Йӕхӕдӕг загъта: „Райсынӕй раттын хуыздӕр у“».


ныфсдӕттӕг чи у — ныфс ӕвӕрӕд; исты дӕттыс — дӕтт ӕй сыгъдӕгзӕрдӕйӕ; хистӕр чи у — хистӕриуӕг кӕнӕд зӕрдиагӕй; хӕрзгӕнӕг чи у — хорз кӕнӕд зӕрдӕрухсӕй.


Тӕхаг сасчы мыггагӕй цы ис, уыдон сыгъдӕг не сты. Нӕфӕтчиаг сты сымахӕн.


Цӕмӕй ӕрбацӕуой ӕмӕ сӕхи бафсадой, дӕуӕй хъауджыдӕр зӕхх ӕмӕ исбонӕй хай кӕмӕн нӕй, уыцы левиттӕ, дӕ цуры цӕрӕг ӕрцӕуӕггаг, идӕдз ӕмӕ сидзӕр, ӕмӕ ды та дӕ алы хъуыддаджы дӕр арфӕгонд уай Дунедарӕгӕй, дӕ Хуыцауӕй.


Дӕ цагъары кӕй сӕрибар кӕныс, ууыл ма маст кӕн: уый дын ӕхсӕз азмӕ дыууӕ ӕххуырстӕй фылдӕр пайда ӕрхаста, Дунедарӕгӕй та, дӕ Хуыцауӕй, арфӕгонд уыдзӕн дӕ алы хъуыддаг дӕр.


Уӕвгӕ уӕм мӕгуыртӕ хъуамӕ ма уа, уымӕн ӕмӕ арфӕгонд уыдзыстут Дунедарӕгӕй, уӕхи йӕ бакӕнут, зӕгъгӕ уын Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, исбонӕн кӕй дӕтты, уыцы зӕххыл.


Ӕндӕр искӕмӕй, дӕ бон у, исай уӕлӕмхасӕн ӕфтиаг, фӕлӕ дӕхи ’фсымӕрӕй ма ис, цӕмӕй Дунедарӕгӕй, дӕ Хуыцауӕй, арфӕгонд уа дӕ къухвӕллойӕ алцыдӕр, кӕдӕм раст кӕныс ӕмӕ дӕхи кӕй бакӕндзынӕ, уыцы бӕстӕйы.


Хуымгӕрдӕнты афон дын быдыры куырис куы аззайа, уӕд ӕм фӕстӕмӕ ма здӕх — уадз ӕмӕ ӕрцӕуӕггаг, сидзӕр кӕнӕ сидзӕргӕсы хай фӕуа. Уыйхыгъд дӕуӕн та дӕ къухты фӕллой арфӕгонд уыдзӕн Дунедарӕгӕй, дӕ Хуыцауӕй.


Арфӕгонд уыдзысты Дунедарӕгӕй уӕ хордӕтты бӕркад ӕмӕ уӕ алы къухвӕллой, арфӕгонд уыдзыстут алцӕмӕй дӕр, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн цы бӕстӕ дӕтты, уым.


Рохуаты ма ныууадзут хорзы цӕуын дӕр, цы уӕм ис, уымӕй иннӕтӕн хай кӕнын — ахӕм нывӕндтӕ Хуыцауӕн ӕхцон сты.


Чи амоны, уый амонӕд Хуыцауы ныхас; чи лӕггад кӕны, уый лӕггад кӕнӕд, Хуыцау ын цы хъару дӕтты, уымӕй — уӕ алы хъуыддагӕй дӕр Йесо Чырыстийы фӕрцы Хуыцау куыд скадджын уа, афтӕ. Кад ӕмӕ Йын паддзахад уӕд мыггагӕй-мыггагмӕ! Аммен.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ