1 Алы ӕвдӕм аз дӕр-иу, хӕс дӕ чи дары, уымӕн йӕ хӕс ныххатыр кӕн.
ӕцӕгӕлон адӕмтӕ исты уӕй кӕнынмӕ ӕрбаластой сабаты, зӕгъгӕ, уӕд сын дзы сабаты дӕр ӕмӕ бӕрӕгбоны дӕр кӕй не ’лхӕндзысты; цыфӕнды хӕс ма уӕд, ӕвдӕм аз-иу ӕй сӕ хӕсджынӕн кӕй ныббардзысты, стӕй ма — ӕвдӕм аз зӕххӕн улӕфыны фадат кӕй дӕтдзысты, уый тыххӕй.
Дзуттаг цагъары куы балхӕнай, уӕд дӕм бакусӕд ӕхсӕз азы, ӕвдӕм аз ӕй суӕгъд кӕн ӕнӕ фиддон.
„Алчидӕр уӕ йе ’фсымӕры, кӕй балхӕдта, уыцы дзуттаджы, йӕ куысты ӕвдӕм аз хъуамӕ ауадза. Ӕхсӕз азы йын лӕггад кӕнӕд, уый фӕстӕ йӕ хъуамӕ ссӕрибар кӕна“. Фӕлӕ Мӕм уӕ фыдӕлтӕ нӕ хъуыстой, Мӕ ныхӕстӕ Мын ницӕмӕ ӕрдардтой.
Ома хӕс куы раттай, уӕд ӕй, Дунедарӕджы хатырӕй, де ’фсымӕрӕй нӕ, фӕлӕ ӕндӕр искӕмӕй дӕр фӕстӕмӕ мауал бацагур.
Ӕвдӕм аз, хӕстӕ барыны аз, ӕрбахӕццӕ кӕны, зӕгъгӕ, уӕд ӕнаккаг хъуыды ма бахъуызӕд дӕ зӕрдӕмӕ ӕмӕ дӕ мӕгуыр ӕфсымӕрыл дӕхи ма атигъ кӕн: йӕ дзыназын Дунедарӕгмӕ фехъуысдзӕн, ӕмӕ тӕригъӕды бацӕудзынӕ.
Бафӕдзӕхста сын Моисей: «Авд азы фӕстӕ, хатыр кӕныны аз, Халагъудты бӕрӕгбоны,