9 Доны цӕрӕгойтӕй уын хӕрӕн ис ӕрмӕстдӕр, ленкгӕнӕнтӕ ӕмӕ хӕрв кӕуыл ис, уыдоны фыд.
Ленкгӕнӕнтӕ ӕмӕ хӕрв кӕуыл нӕй, уыдоны фыд та сыгъдӕг нӕу ӕмӕ нӕфӕтчиаг у сымахӕн.
Хуы дӕр ӕнӕсыгъдӕг у сымахӕн, уымӕн ӕмӕ уый саджилсӕфтӕг у, фӕлӕ сынӕр нӕ цӕгъды. Сӕ фыд дӕр сын ма хӕрут ӕмӕ сын сӕ мардмӕ дӕр ма ӕвналут.