Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Фӕлхатгонд ӕгъдау 14:8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

8 Хуы дӕр ӕнӕсыгъдӕг у сымахӕн, уымӕн ӕмӕ уый саджилсӕфтӕг у, фӕлӕ сынӕр нӕ цӕгъды. Сӕ фыд дӕр сын ма хӕрут ӕмӕ сын сӕ мардмӕ дӕр ма ӕвналут.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Фӕлхатгонд ӕгъдау 14:8
10 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

бадынц зӕппӕдзты ӕмӕ ӕхсӕвиуат кӕнынц лӕгӕтты. Хӕрынц хуыйы фыд, сӕ мигӕнӕнты дарынц ӕлгъаг, нӕфӕтчиаг бас.


«Йӕхи мӕнг хуыцӕуттыл чи фӕдзӕхсы ӕмӕ, ссыгъдӕг уӕм, зӕгъгӕ, иу иннӕйы фӕдыл уыцы хуыцӕуттӕн йӕ кувӕн къохты нывӕндтӕ чи хӕссы, хуытӕ, мыстытӕ ӕмӕ ӕндӕр ӕлгъаг фосы фыд чи хӕры, уыдон иууылдӕр бабын уыдзысты, — зӕгъы Дунедарӕг. —


Сымах та иуӕрдыгӕй Мӕнӕн гал ӕргӕвдут, иннӕрдыгӕй та уӕ гуымирыйӕн адӕймаг-нывонд хӕссут. Иуӕрдыгӕй Мӕнӕн фыс кусарт кӕнут, иннӕрдыгӕй та куыдзы ӕфцӕг сӕттут. Иуӕрдыгӕй Мӕнӕн хуын хӕссут, иннӕрдыгӕй та хуыйы хъуырӕй туг уадзут. Иуӕрдыгӕй Мӕнӕн буд судзут, иннӕрдыгӕй та уӕ хуыцаугондӕн табу кӕнут. Равзӕрстат уӕхи фӕндӕгтӕ, уӕ зӕрдӕ рухс кӕны уе ’лгъаг митӕй.


сӕфтӕгджын цӕрӕгойтӕй саджилсӕфтӕг ӕмӕ сынӕрцӕгъдӕг чи у, уыдоны фыд хӕрут.


Нӕ йӕ бафиппайдта, афтӕмӕй, ӕнӕсыгъдӕг цы у, ахӕмӕй истӕмӕ февнӕлдта, чъизи сырд, фос кӕнӕ хилӕгойы мардыл андзӕвыд — фӕчъизи ӕмӕ фӕазымджын уыдзӕн.


Сынӕр чи цӕгъды, уыцы фосӕй уын нӕфӕтчиаг сты теуа, тӕрхъус ӕмӕ даман: уыдон сынӕр цӕгъдынц, фӕлӕ саджилсӕфтӕг не сты.


Доны цӕрӕгойтӕй уын хӕрӕн ис ӕрмӕстдӕр, ленкгӕнӕнтӕ ӕмӕ хӕрв кӕуыл ис, уыдоны фыд.


Фӕлӕ уыдоныл ӕрцыди ахӕм ӕмбисонд: «Куыдз раздӕхы йӕ омдзӕгмӕ» ӕмӕ: «Хуы ӕхсад куы ’рцӕуа, уӕд фӕстӕмӕ йӕхи цъыфы стулдзӕн».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ