7 Сынӕр чи цӕгъды, уыцы фосӕй уын нӕфӕтчиаг сты теуа, тӕрхъус ӕмӕ даман: уыдон сынӕр цӕгъдынц, фӕлӕ саджилсӕфтӕг не сты.
сӕфтӕгджын цӕрӕгойтӕй саджилсӕфтӕг ӕмӕ сынӕрцӕгъдӕг чи у, уыдоны фыд хӕрут.
ма хӕрут даманы фыд, уымӕн ӕмӕ, кӕд сынӕр цӕгъды, уӕддӕр сӕфтӕгджын нӕу, ӕнӕсыгъдӕг у сымахӕн;
ма хӕрут тӕрхъусы фыд, уымӕн ӕмӕ, кӕд сынӕр цӕгъды, уӕддӕр сӕфтӕгджын нӕу, ӕнӕсыгъдӕг у сымахӕн.
Мӕ ацы ныхӕстӕм чидӕриддӕр хъусы ӕмӕ сӕ не ’ххӕст кӕны, уый та у, йӕ хӕдзар змисыл чи самадта, уыцы ӕнӕзонд адӕймаджы хуызӕн.
Сынӕр чи цӕгъды, уыцы саджилсӕфтӕг фосӕй дын алкӕй фыд дӕр хӕрыны бар ис.
Хуы дӕр ӕнӕсыгъдӕг у сымахӕн, уымӕн ӕмӕ уый саджилсӕфтӕг у, фӕлӕ сынӕр нӕ цӕгъды. Сӕ фыд дӕр сын ма хӕрут ӕмӕ сын сӕ мардмӕ дӕр ма ӕвналут.
Ӕдде бакӕсгӕйӕ сӕхи афтӕ ӕвдисдзысты, цыма Хуыцауы тынг нымайынц, химидӕг та Йыл сӕхи атигъ кӕндзысты. Ахӕмтӕм ӕмгӕрон ма цу.
Уыдон дзурынц, Хуыцауы зонӕм, зӕгъгӕ, афтӕмӕй Йыл сӕ митӕй сӕхи тигъ кӕнынц; сты цъаммар, хивӕнд ӕмӕ сӕ бон нӕу иунӕг хорз хъуыддаг саразын дӕр.