Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Фӕлхатгонд ӕгъдау 14:23 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

23 ӕмӕ йӕ Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, Йӕ номыл цы бынат равзӕрста, уым бахӕр: дӕ хор, дӕ сӕн ӕмӕ оливӕйы сойӕн сӕ дӕсӕймаг хӕйттӕ, де стурты ӕмӕ дӕ фысвосы сӕртӕ. Ӕдзухдӕр дӕ хъуыдыйы уӕд Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, ӕмӕ дӕ зӕрдӕйӕ ма хицӕн кӕнӕд Йӕ тас.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Фӕлхатгонд ӕгъдау 14:23
12 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Ӕнӕхуыцау ӕм хӕлӕгӕй мӕлдзӕн, йӕ дӕндӕгты къӕс-къӕс цӕудзӕн ӕмӕ баруайдзӕн. Ӕнаккӕгты фӕндиӕгтӕ нӕ сӕххӕст уыдзысты!


Дунедарӕгӕн лӕггад кӕнут тасимӕ ӕмӕ райут, стъӕлфгӕйӕ.


Кад кӕнут Уӕларвӕфсады Бардарӕгӕн, Уымӕй тӕрсут, Уымӕй стъӕлфут!


Уыдон уыдзысты Мӕ адӕм, Ӕз та — сӕ Хуыцау.


Ног хоры ссады сӕртӕй-иу Мын гуыл скӕнут, цыма мусы лӕвар у, афтӕ.


уӕд-иу, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, Йӕхӕдӕг кӕй равзара ӕмӕ Йӕ номы аккаг кӕй скӕна, уыцы бынатмӕ сӕмбӕлын кӕнут, цы уын фӕдзӕхсын, уыдон иууылдӕр: уӕ иууылсудзинаг нывӕндтӕ ӕмӕ уӕ иннӕ кусӕрттӕгтӕ, уӕ исбонӕй алцӕмӕн дӕр йӕ дӕсӕймаг хай ӕмӕ уӕ къухвӕллойы ӕппӕт хуынтӕ, Дунедарӕгӕн ӕй ратдзынӕн, зӕгъгӕ, цӕмӕйдӕриддӕр загътат, уыдон.


Уӕ мыггӕгтӕй иуы зӕххыл цы бынат равзара Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, уым-иу хӕссут уӕ иууылсудзинаг нывӕндтӕ ӕмӕ-иу, цыдӕриддӕр уын фӕдзӕхсын, уыдӕттӕ кӕнут.


Уыцы бон Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы раз, лӕууыдыстут Хоревы рӕбын, ӕмӕ мын Дунедарӕг загъта: „Адӕмы Мӕм ӕрӕмбырд кӕн, ӕмӕ сын Ӕз Мӕ ныхас фехъусын кӕндзынӕн, цӕмӕй сӕм цӕргӕбонты зӕххыл Мӕнӕй тас уа ӕмӕ сӕ цоты дӕр ууыл ахуыр кӕной“.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ