22 Дӕ хуымы тыллӕгӕн-иу ӕрвылаз йӕ дӕсӕймаг хай рахицӕн кӕн
Зӕрдылдаринагӕн цы дур сӕвӕрдтон, уый Хуыцауы хӕдзар суыдзӕн ӕмӕ мын цыдӕриддӕр дӕттай, уымӕн Дын фӕстӕмӕ йӕ дӕсӕймаг хай дӕтдзынӕн».
Тыллӕг куы исат, уӕд ын йӕ фӕндзӕм хай дӕттут фараонӕн, цыппар хайы та уын — тауинагӕн, стӕй хӕрынӕн: уӕхицӕн, уӕ хӕдзаронтӕн ӕмӕ уӕ сабитӕн».
Йосеф Мысыры цы ӕгъдау ӕрӕвӕрдта, уый ма суанг абон дӕр йӕ тыхы ис: тыллӕджы фӕндзӕм хай фараоны у. Ӕрмӕст сауджынты зӕххытӕй ницы ӕрхауди фараонмӕ.
Нӕ хоры фыццаг ссадӕй хуын, нӕ дыргътӕй, нӕ сӕн ӕмӕ сойӕ сауджынтӕн сӕ хай хӕсдзыстӕм, нӕ Хуыцауы хӕдзары цур цы къӕбицтӕ ис, уырдӕм. Нӕ зӕххы бӕркады дӕсӕймаг хай та — левиттӕн. Левитты уыдзӕн нӕ тыллӕджы дӕсӕймаг хай, нӕ сахартӕй зӕххы куыст кӕмдӕриддӕр чындӕуы, уым.
Цы дӕсӕймаг хай сын ӕмбӕлы, уый куы исой левиттӕ, уӕд сӕ разы лӕудзӕни сауджын, Аароны байзӕддаг, сӕ дӕсӕймаг хайы дӕсӕймаг хай левиттӕ нӕ Хуыцауы галуанмӕ, къӕбицы уӕттӕм куыд ласой, афтӕ.
Уе ’фтиаджы дӕсӕймаг хӕйттӕ иууылдӕр къӕбицтӕм ӕрбахӕссут, цӕмӕй Мӕ Хӕдзары хойраг уа, ӕмӕ Мӕ уымӕй уӕддӕр бафӕлварут, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. — Цымӕ уын арвы дуӕрттӕ нӕ байгом кӕнин ӕмӕ Мӕ арфӕты бын нӕ фӕуаиккат?
Ног хоры ссады сӕртӕй-иу Мын гуыл скӕнут, цыма мусы лӕвар у, афтӕ.
Фембӕлды Цатырӕн цы куыст кӕнынц, уый ныхмӕ Левийы байзӕддӕгтӕн зӕххы хайы бӕсты Ӕз дӕттын, Израилы цыдӕриддӕр ис, уымӕй алцӕмӕн дӕр йӕ дӕсӕймаг хай.
Уый уын — уӕ куысты ныхмӕ Фембӕлды Цатыры. Уӕхӕдӕг дӕр, уӕ бинонтӕ дӕр, кӕм уӕ фӕнды, уым ӕй хӕрут,
Дӕ хоры сӕртӕ, дӕ сӕны ӕмӕ оливӕйы сойы дӕсӕймаг хӕйттӕ, де стурты ӕмӕ фысвосы сӕртӕ, снывонд кӕныны охыл цӕмӕйдӕриддӕр дзырд радтай, бархийы нывонд уа ӕви хуын, бахӕрыны бар дын ӕй нӕй дӕ сахары.
Уырдӕм-иу хӕссут уӕ иууылсудзинаг нывӕндтӕ ӕмӕ уӕ кусӕрттӕгтӕ, уӕ исбонӕй алцӕмӕн дӕр йӕ дӕсӕймаг хай ӕмӕ уӕ хуынтӕ, уӕ ардбахӕрды ӕмӕ уӕ бархийы нывӕндтӕ, уе стурты ӕмӕ уӕ фысвосы сӕртӕ.