1 Сымах Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, байзӕддаг стут ӕмӕ сау дарыны нысанӕн ма лыгтӕ кӕнут уӕ буар, уӕ ныхы сӕрмӕ булкъдаст ма кӕнут уӕ хил.
Хуыцауы фырттӕ федтой, адӕмӕн сӕ чызджытӕ рӕсугъд кӕй сты, уый, ӕмӕ-иу дзы йӕ цӕст чи кӕуыл ӕрӕвӕрдта, уыимӕ-иу ӕмуат ӕрцыди.
Уыцы заман ӕмӕ уый фӕстӕ дӕр зӕххыл цардысты уӕйыгӕнгӕс адӕм, Хуыцауы фырттӕн-иу зӕххон чызджытӕй чи райгуырди, уыдон. Незаманты цы хъуыддӕгтӕй фесгуыхтысты, уыдонӕй хъуыстгонд сты ныр дӕр ма.
Ӕмӕ хъӕрахст самадтой. Се ’гъдаумӕ гӕсгӕ ма суанг кӕрдтӕ ӕмӕ ӕрцытӕй дӕр сӕхи рӕхуыстой, ӕмӕ сӕ туг лӕсӕнтӕ кодта сӕ уӕлӕ.
Фӕлӕ Ды куы дӕ нӕ Фыд! Авраам нӕ зоны мах, Йаков дӕр — афтӕ. О Дунедарӕг, Ды дӕ нӕ Фыд! Дӕ ном мыггагмӕ дӕр у «нӕ Ирвӕзынгӕнӕг».
Номджынӕй, мӕгуырӕй, ацы зӕххы адӕм иууылдӕр амӕлдзысты ӕмӕ ӕнӕныгӕдӕй баззайдзысты. Ничи сыл скӕудзӕн, уыдоны тыххӕй йӕ буар ничи ныллыгтӕ кӕндзӕн ӕмӕ йӕ сӕр ничи адасдзӕн.
Ӕз загътон: «Мӕ фыртыл дӕ куыд банымайон? Бӕллиццаг бӕстӕ, адӕмты хуыздӕр исбон, дӕуӕн куыд раттон? Ӕз ӕнхъӕлдтон, схондзынӕ мӕ дӕ Фыд, гадзрахатӕй Мыл нӕ рацӕудзынӕ.
Ардыгӕй цӕссыгкалгӕ цыдысты, фӕлӕ сӕ ныр Мӕхӕдӕг басабыр кӕндзынӕн ӕмӕ сӕ, кӕуыл нӕ фӕкӕлдзысты, уыцы раст фӕндагыл цӕугӕдӕттӕм акӕндзынӕн. Уымӕн ӕмӕ Ӕз дӕн Израилы фыд, Мӕ фыццаг зӕнӕг Ефрем у!
Шехем, Силом ӕмӕ Самарийӕ Мицпамӕ ӕрбацыдысты цыппарыссӕдз лӕджы. Сӕ боцъотӕ уыдысты даст, сӕ дарӕстӕ — фӕйнӕрдӕм рӕдывд, сӕ буӕрттӕ — лыгтӕ. Уыдон Дунедарӕджы хӕдзармӕ хойраджы хуынтӕ ӕмӕ хӕрздӕфгӕнӕнтӕ фӕцӕйхастой.
Газӕ, хъыггӕнгӕ, адасдзӕн йӕ сӕр, ныхъхъус уыдзӕн Ашкелон. О, дӕлвӕзы ма чи аирвӕзт, уыдон! Уӕ буӕрттӕ кӕдмӕ лыгтӕ кӕндзыстут?»
Фӕлӕ израилӕгтӕ сбирӕ уыдзысты денджызы змисау — банымайӕн дӕр ӕмӕ сбарӕн дӕр кӕмӕн нӕй. Ӕмӕ сын афтӕ кӕм загъдӕуыд: «Сымах Мӕ адӕм не стут», зӕгъгӕ, уым сын дзурдзысты: «Сымах стут Цардӕгас Хуыцауы хъӕбултӕ».
Сауджынтӕн сӕ сӕр дасын, сӕ зачъетӕ цыбыр кӕнын ӕмӕ сӕ буар лыгтӕ кӕнын не ’мбӕлы.
Фӕлӕ Йӕ чи айста ӕмӕ Йыл чи баууӕндыд, уыдонӕн та радта Хуыцауы хъӕбултӕ суӕвыны бар.
стӕй ӕрмӕст Йӕ адӕмы сӕрвӕлтау нӕ, фӕлӕ ма, алы рӕтты чи ныххӕлиу ис, Хуыцауы уыцы хъӕбулты ӕрӕмбырд ӕмӕ ӕрбаиу кӕныны тыххӕй дӕр.
Хуыцауы Уд Йӕхӕдӕг нӕ монимӕ иумӕ ӕвдисӕн лӕууы, мах Хуыцауы хъӕбултӕ кӕй стӕм, уымӕн.
«Ӕмӕ сын афтӕ загъд кӕм уыд: „Сымах Мӕ адӕм не стут“, уым сын дзурдзысты: „Сымах стут Цардӕгас Хуыцауы хъӕбултӕ“».
Уыдон израилӕгтӕ сты; Хуыцау сӕ Йӕхицӕн хъӕбултӕ скодта, Йӕ кад сын раргом кодта, семӕ фидыдтӕ сарӕзта, радта сын Ӕгъдау, Хуыцаумӕ кувыны уаг, зӕрдӕтӕ сын бавӕрдта.
Ома, ӕрдзон ӕгъдауӕй чи райгуырд, Хуыцауы хъӕбултӕ уыдон не сты, фӕлӕ, Хуыцауы зӕрдӕбавӕрдӕй чи райгуырд, уыдон нымад сты байзӕддӕгтыл.
Ӕз сымахӕн уыдзынӕн Фыд, сымах та уыдзыстут Мӕ фырттӕ ӕмӕ Мӕ чызджытӕ, — зӕгъы Ӕппӕтылхӕцӕг Дунедарӕг».
Уырнындзинады руаджы, Йесо Чырыстиимӕ иугондӕй, уе ’ппӕт дӕр Хуыцауы хъӕбултӕ стут.
Афтӕ уыдзӕни, Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, ныхасмӕ куы хъусай, абон дын кӕй хъусын кӕнын, уыцы фӕдзӕхстытӕ куы ӕххӕст кӕнай ӕмӕ Дунедарӕгӕн, дӕ Хуыцауӕн, ӕхсызгон цы у, уыдӕттӕ куы кӕнай, уӕд.
Ӕнӕзонд ӕмӕ ӕнӕсӕр адӕм, Дунедарӕгӕн афтӕ фидут Йӕ хӕрзтӕ? Ӕви Уый уӕ Фыд, уе Сфӕлдисӕг нӕу? Ӕви уӕ Уый нӕ равзӕрын ӕмӕ нӕ рантысын кодта?
Мӕн фӕнды, ӕфсымӕртӕ, цӕмӕй сымах зонат, чи амарди, уыдоны тыххӕй ӕмӕ, зӕрдӕдарӕн кӕмӕн нӕй, уыдонау хъынцъымы ма ӕфтат.
Уымӕн ӕмӕ Хуыцау, ӕппӕт дӕр Кӕмӕн у ӕмӕ ӕппӕт дӕр Кӕмӕй рацыд, Йӕ хъӕбултӕй бирӕтӕм Йӕ кады Чи раргом вӕййы, Уый хъуамӕ алцӕмӕй дӕр скодтаид ӕххӕст сӕ ирвӕзындзинады Фӕтӕджы, хъизӕмӕрттӕ Йын бавзарын кӕнгӕйӕ.
Хуыцауы хъӕбултӕ ӕмӕ хӕйрӕджы цотӕй чи кӕцы у, уый афтӕмӕй базындӕуы: рӕстӕй чидӕриддӕр нӕ цӕры ӕмӕ йе ’фсымӕры чидӕриддӕр нӕ уарзы, уый Хуыцауӕй нӕу.
Хуыцауы куы уарзӕм ӕмӕ Йӕ фӕдзӕхстытӕ куы ӕххӕст кӕнӕм, уӕд уымӕй зонӕм, Йӕ хъӕбулты Йын кӕй уарзӕм, уый.